Фæрсдзырд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Фæрсдзырд у архайд кæнæ миниуæджы æууæл æвдисæг æнæивгæ ныхасы хай.

Иуæй-иу æвзæгты фæсдзырд у æнцон сбæрæг кæнæн дзырдтæ, ис сæм сæрмагонд форманттæ. Цæвиттон, эсперантойы æппæт фæрсдзырдты кæроны ис -e: bele, rapide; францаг æвзаджы бирæ фæрсдзырдты кæроны ис -ment: heureusement, joyeusement.

Ирон æвзаджы сæрмагонд фæрсдзырды форманттæ нæй, уый тыххæй зæгъæн и æмæ формалон цæстæнгасæй фæрсдзырдтæ ирон æвзаджы нæй. Æндæр æвзæгтæ фæрсдзырдтæй кæм пайда кæнынц, уым иронау пайда кæнынц иртæстон æмæ хуызæнон хауæнты формæтæй: хорзæй, æхсæвæй, зымæгæй, иронау æмæ афтæ дарддæр.