Ног цард

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«Ног цард» уыд ирон æвзагыл дыккаг газет (фыццаг ирон газет — «Ирон газет» — мыхуыры рацыдис 1906 азы), рауагътой йæ Ирон рауагъдадон æхсæнад Калачы. Уыцы æхсæнады правлени бахатыд бынæттон хицауадмæ ног ирон газет рауадзыны тыххæй. Газет рауадзынæн бар сын радтой 1907 азы 13 февралы. Тбилисы (Калачы) ирон газет «Ног цард»-ы фыццаг номыр рацыд 1907 азы 6 мартъийы.

Газет джиппы уагъд дæр нæма æрцыдис, афтæ бынæттон газет «Исари» («Фат») ныммыхуыр кодта ахæм хъусынгæнинаг: «Тæргæйтты мæйы фыццаг бонæй рафыссæн ис Тифлисы ирон газет «Ног цард»-æн, кæцы цæудзæй къуыри дыууæ хатты. Газеты аргъ у: афæдзмæ — 4 сомы». Ирон æвзагыл ацы газет уыди дыккаг. Газет «Ног цард»-ы фыццаг номыры тираж уыди 400 экземпляры, фæстæдæр тиражы нымæц схызтис 1800 экземплярмæ.

Фыццаг номырæй æвддæсæм номырмæ газеты редактор уыди Тедеты Бетъре, уый фæстæ Цхуырбаты Тадиоз. Редколлегийы уæнгтæ уыдысты ахуыргæнджытæ Хъоцты Бидзина, Тыбылты Алыксандр, Джиоты Никъала, Козаты Димитр, студент Абайты Уано, æфсæнвæндаджы управленийы кусæг Томайты Хъæлцыхъо. Газетæн скодтой сæрмагонд рубрикæтæ: хицауады бардзырдтæ, литературæ, æхсæнадон-политикон фарстатæ, хроникæ, Уæрæсейы æмæ Ирыстоны цард, мыхуыр, литературон критикæ æмæ библиографи, фельетонтæ, лекцитæ, театр æмæ аивад, медицинæ, хъæууон хæдзарады фарстатæ æмæ а. д. Мыхуыры ног оргæн карз тох расидтис зианхæссæг рагон æгъдæутты ныхмæ (туг исыны æгъдау, ирæд æмæ æнд.).

Газет «Нор цард»-ы мыхуыргонд æрцыдысты фыццаг хатт, Къостайы цензурæ мыхуыр кæнын цы æмдзæвгæтæ нæ уагъта, уыдон: «Салдат», «Додой», «Арс æмæ бирæгъ», «Уайдзæф». Фæстæдæр Гæдиаты Секъайы радзырд «Айссæ».

Газет арæх мыхуыр кодта, ирон ахуыргæнджыты корреспонденцитæ.

Ирæд исыны ныхмæ «Ног цард»-ы тох[ивын | Бындур ивын]

Ирон адæмæн мыггагон трагеди уыди ирæд исыны æгъдау. «Ног цард» карз тох расидт йæ ныхмæ. Ирæд исыны фæдыл газеты цы уацтæ æрцыди мыхуыр, уыдонæй ахадгæдæр уыди Кочысаты Розæйы публицистикон æрмæг «Ирон чызджытæм», кæцы мыхуыргонд æрцыд «Ног цард»-ы 13-æм номыры. «Чызгмæ йæ ныййарджытæ кæсынц, исты пайда сæм кæмæй æрбацæуа, ахæм дзаума цыма у, уый цæстæй. Чызджы нæ бафæрсгæйæ, равзарынц, фылдæр мулк кæмæй æрбассивой, ахæм усгур. Афтæмæй чындзы ацæугæйæ, сылгоймаг бахауы ахæм уавæры æмæ йæм бинонтæй алчидæр йæ ныфс бахæссы зæгъынмæ: „Стыр ирæд дыл бафыстам æмæ æнæрынцойæ кус“» æмæ дарддæр: «Адæм сæрибардзинады тыххæй сæ туг куы калынц æмæ мæлынц талынг ахæстæтты, уæд нæ алчидæр йæ фыдмæ афтæ бадзурын нæ уæнды: „Уæ, мæ фыд, æз дæ хъæбул дæн, æмæ мæ цагъæйраджы уæй ма кæн“. Хъуамæ нæ алчидæр йе ’гады тыххæй йæ ныййарджытæм бауæнда уыцы ныхæстæ, æмæ ныууадзын кæнæм ирæды æгъдау».

Розæйы фæстæ газеты мыхуыргонд æрцыдис Тменаты Елбыздыхъойы уац «Ирæды тыххæй». Автор лæмбынæгæй æргом кæны ирæды экономикон æфсæнттæ æмæ къласон характер, ацы темæйы фæдыл.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]