Перейти к содержанию

Тедеты Бетъре

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тедеты Гулийы фырт Бетъре (райгуырдис 1877-æм азы Дзауы[1] — амардис 1937-æм азы) у ирон æхсæнадон æмæ рухстауынадон архайæг, газет «Ног цард»-ы фыццаг редактор.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Тедеты Бетъре райгуырд 1877 азы Дзауы зæхкусæджы хæдзары. Хъæуы райдайæн скъолайы фæстæ лæппуйы йæ ныййарджытæ ахуыр кæнынмæ арвыстой Калакмæ. Ам ахуыргæнджыты институт каст фæци 1895 азы æмæ кусын райдыдта Калачы Бегляровы реалон ахуыргæнæндоны. Дыууæ азы фæстæ ам ахуыргæнæг-хъомылгæнæгæй кусынмæ бацыд Михайловскмæ горæтон æрмдæсныйады скъоламæ. 1918 азы сси йæ директоры хæдивæг ахуыры хайады.

Бетъре Калакмæ ахуыр кæнынмæ куы ацыд, уæдæй суанг 1921 азмæ цард уым. Разæнгардæй архайдта ирон интеллигенцийы арфæйаг хъæппæристы, зæрдиагæй бакуыста «Ирон рауагъдады æхсæнад» саразыныл, уыд йæ иудадзыгон уæнг. Ацы æхсæнад сарæзта ирон адæмон театр дæр, æмæ дзы суфлер та уыд Бетъре. Æхсæнады стырдæр æнтыст уыд, ирон æвзагыл газет уадзын кæй райдыдта, уый. «Ног цард», йæ редактор Тедеты Бетъре, афтæмæй тынг зæрдиагæй архайдта ирон адæмы ’хсæн культурæ тауыныл, æрмæджытæ мыхуыр кодта мæгуыр адæмы цардыуаджы ахсджиаг фарстатыл, хурмæ хаста бонджынты æмæ бынæттон хицауады æдзæсгом митæ, карзæй дзырдта дины æмæ зианхæссæг æгъдæутты ныхмæ. Реакци йæ тæккæ карзыл куы уыд, уæд газет ахæм ныфсджын разынд æмæ ныммыхуыр кодта Цомахъы тохмæсидæг æмдзæвгæтæ «Адæм», «Тохы хъæр», «Фæдис».

Тедеты Ветъре 1921—1933 азты уыд Хуссар Ирыстоны зонадон-литературон æхсæнады сæрдар, Гуырдзыстоны зонадон кусджыты секцийы центрон бюройы уæнг. Хуссар Ирыстоны Ревкомы бардзырдмæ гæсгæ йæ 1921 азы снысан кодтой Хуссар Ирыстоны рухсады комиссарæй, 1923—1930 азты уыд рухсады комиссары хæдивæг, куыста æндæр бæрнон бынæтты.

Бетъремæ уыд музыкалон зæрдæргъæвддзинад дæр. Цхинвалы педтехникумы сарæзта зарæггæнджыты къорд, разамынд сын лæвæрдта йæхæдæг. Бирæ хъару бахардз кодта Хуссар Ирыстоны зарæггæнджыты æмæ кафджыты ансамбль саразыныл дæр. Тыбылты Алыксандримæ иумæ куыстой ирон адæмæн иу литературон æвзагыл, ног графикæйыл, растфыссыны æгъдæуттæ сфидар кæныныл, ирон скъолатæ байгом кæныныл, терминтæ сфидар кæныныл, ирон национ театр, зарæггæнджыты æмæ кафджыты ансамбль саразыныл. Царды, литературæйы, аивад æмæ æвзагзонынады ахсджиаг фарстатыл йæ уацтæ мыхуыр кодта газеттæ «Ног цард»-ы, «Хурзæрин»-ы, «Большевикон цард»-ы, «Рæстдзинад»-ы, «Ленинон»-ы, журналтæ «Æфсир»-ы, «Фидиуæджы», Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæг институты æмбырдгæндты.[2]

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]