Ново-Осетинский
Внешний вид
Хутæр | |
Ново-Осетинский | |
---|---|
уырыс. Ново-Осетинский | |
43°41′22″ с. ш. 43°47′53″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Кæсæг-Балхъар |
Муниципалон район | Прохладнæйы район |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 1903 |
Центры бæрзæнд | 280 м |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘517[1] адæймаджы (2010) |
Национ сконд |
уырыс, ир, сомих, корейæгтæ, кæсæг |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +7 86631 |
Посты индекстæ | 361027 |
|
Ново-Осетинский (уырыс. Ново-Осетинский) у хутæр Кæсæг-Балхъары Прохладнæйы районы. Цæрынц дзы 517 адæймаджы (2010).
Истори
[ивын | Бындур ивын]Ново-Осетиновскийы хутæр арæзт æрцыди 1902-1903 азты, Сотатæ, Бесолтæ, Ачетæ æмæ дзы Хъуппетæ куы æрцардысты, уæд. Раздæры мыггæгтæй ма дзы баззадысты Бесолтæ, Уарзиатæ, Доййатæ, Лекътæ, Цогойтæ, Цорæтæ.
Ацы ран æрцæрæг ирон адæм бахъахъхъæдтой нæ фыдæлты хорз æгъдæуттæ. Фæлæ ирæттæ алымыггаг адæмты æхсæн кæй цæрынц, уый, хъыгагæн, пайда нæу нæ ирон æвзагæн. Кæстæртæ дзæбæх дзурын нал зонынц иронау. Уый хыгъд нæм фæзынди хæццæ бинонтæ дæр: уырыссаг-ирон, ирон-кæсгон, ирон-украинаг, ирон-польшæйаг æмæ аф. д. Ахæм бинонты цот арæхдæр дзурынц уырыссаг кæнæ кæсгон æвзагыл, кæд сæ ирон æвзаг бынтон нæма ферох кодтой, уæддæр.[2]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Численность населения КБР в разрезе населённых пунктов по итогам Всероссийской переписи населения 2010 года(недоступная ссылка). Датæ: 2014-æм азы 21 сентябры. Архив 2014-æм азы 2 январы.
- ↑ Сотаты Людмилæ. Ирæттæ Кæсæджы. Журнал «Мах дуг», 2001 аз, №7, 146-æм фарс