Перейти к содержанию

Пиросмани, Никъо

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Нико Пиросмани-æй æрвыст)
Никъо Пиросмани
гуырдз. ნიკო ფიროსმანი
Изображение
Райгуырды датæ 17 майы 1862(1862-05-17)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 7 апрелы 1918(1918-04-07) (55 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад Уæрæсейы импери Уæрæсейы импери
Уæрæсейы импери Фæскавказы комиссариат
Жанр портрет[d]
Стиль примитивизм
Къухæрфыст Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Пиросманишвили Асланы фырт Николай (гуырдз. ნიკო ფიროსმანაშვილი) у XX æнусы зындгонддæр гуырдзиаг нывгæнджытæй иу. Райгуырдис 1862-æм азы Къахеты Мирзааны хъæуы зæхкусæджы бинонты.

Пиросманийы цардвæндаг

[ивын | Бындур ивын]

Нывгæнæг раджы баззадис сидзæрæй, æмæ йæ сæхимæ райста, йæ фыд мæлæты размæ кæмæ куыста, уыцы сылгоймаг. Никъо куы схъомыл, уæд хъавыдис байгом кæнын йæхи равдыстæгтæаразæн æрмадз. Фæлæ йын уымæй ницы рауадис æмæ райдыдта кусын уромæн кондукторæй æфсæнвæндаджы станцæйы. Уый фæстæ базар кодта дуканийы. Уалынджы ног XX æнусы райдайæны Никъо райдыдта ныв кæнын равдыстæгтæ хæрæндæттæ, дуканитæ, трактиртæ æмæ сæндæттæн.

Никъо уыди хæдахуыр нывгæнæг, æмæ йæ сфæлдыстады стиль нываивады хуыйны примитивизм. Фæстæдæр Пиросмани йæ нывтæ фæуæй кодта Къуары галиу былгæрон мæгуыр сыхты. Рæхджы йын фæзынди йæхи меценаттæ дуканиты хицæутты ’хсæн.

Йæ зæрдахаст уыди ныхмæдзыд æмæ фæлдурæджджын, æмæ уымæн Никъо фæцалх карз нозтыл. Иуæй-иуты зæрдыл нывгæнæг баззади бирæдзураг адæймагæй, иннæтæ дзырдтой, зæгъгæ, Никъо æхгæдзæрдæ адæймаг уыди.

XX æнусы райдайæны æппæт Калачы толты сæ къултæ Никъойы цъылинæгæй саразгæ уыдысты. Йæ царды Пиросмани уыдис зыбыты иунæг æмæ йæ бирæтæ нымадтой сæлхæрыл. Фыццаг Æппæтдунейон хæсты рæстæджы Уæрæсейы сфидар кодтой «хус зaкъон» æмæ уый охыл Калачы бирæ хæрæндæттæ æрцыдысты æхгæд. Уыцы рæстæг Пиросмани уыди æгуыст æмæ æнæхца.

Пиросманийы сфæлдыстады тыххæй

[ивын | Бындур ивын]

Йæ сфæлдыстадимæ дзыллæты базонгæ кодтой 1912-æм азы мæскуыйаг нывгæнджытæ Илья æмæ Кирилл Зданкевичтæ. Уыдон сæхæдæг йæ нывтæ фыццаг хатт федтой трактир «Варяг»-ы къултыл æмæ сæ бафæндыди фембæлын Никъоимæ йæхиимæ. Фæстæдæр, 1913-æм азы Мæскуыйы сарæзтæуыд нывгæнджыты-неопримитивистты равдыст «Мишень». Уым æндæр нывгæнджыты нывты ’хсæн æвдыст æрцыди, Илья Зданевич Тбилисæй кæй æрбаласта, Никъойы уыцы цалдæр нывы.

Пиросманийы нывты сюжетты ’хсæн сæйрæгдæртæ сты бæрæгбон, минас, адæм, цæрæгойтæ, рæсугъд чызджытæ, æрдз æмæ æндæртæ. Никъо сфæлдыста диссаджы сурæттæ: кæртгæс, хæринæггæнæг, зæхкусæг йæ сывæлæттимæ, рæсугъд чызджытæ.

Йе сфæлдыстады тыххæй-иу Никъо арæх афтæ дзырдта:

«Æдзард чызджыты куы ныв кæнын, уæд сын се ’ндæрджытæ æвæрын ацы сау царды сау фоныл, фæлæ уыимæ ма сын ис а цардмæ уарзондзинад сæ алыварс дидинджытæ æмæ сæ уæхсчы цур цъиу. Æз ныв кæнын уыцы чызджыты урс гобанæмбæрзæнтыл уымæн æмæ сын хатыр кæнын æмæ сын барын сæ тæригъæдтæ».

Пиросмани йæ цæргæ-цæрæнбонты фæцарди мæгуырæй æмæ амарди 1918-æм азы кæцыдæр калакаг дæлхæдзары низ æмæ æххормагæй. Йæ ингæн кæм ис, уый бæрæг нæу.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]