Нартыхты Михал

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Нартыхты Михал
Райгуырды датæ 1927-æм азы 12 июлы(1927-07-12)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1967-æм азы 18 мартъийы(1967-03-18) (39 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, тæлмацгæнæг

Нартыхты Димеры (Владимиры) фырт Михал (райгуырдис 1927-æм азы 12 июлы ГССР-йы Дæллаг Халацъаны хъæуы — амардис 1967-æм азы) у ирон фыссæг, поэт, тæлмацгæнæг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

1947-æм азæй ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты (ныры университет), сси гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Йæ фыццаг æмдзæвгæ иронау рухс федта 1949-æм азы цхинвайлаг газет «Коммунист»-ы. Фæстæдæр куыста уыцы газеты (1953-54) æмæ гуырдзиаг æвзагыл газет «Сабчота Осети»-йы (1961–1963). Иу рæстæг журналисты куыст ныууагъта (цыдæр конфликты тыххæй) æмæ куыста гуырдзиаг æвзаджы ахуыргæнæгæй Думастуры, йæ фæстаг азты та — Дзауы радиойы сæргълæууæгæй.

Нартыхты Михал бирæ архайдта цæмæй ирон фысджытæ дæсныйадæй ма ацæуой. Джусойты Нафи куыд мысы:

« Иу дзырдæй, [Бестауты] Гиуæрги иронау фыссынмæ кæй раздæхт, уый аххосаг уыд Нартыхты Михалы æвидигæ уарзондзинад ирон æвзаг æмæ дзырдаивадмæ. Уый йæ уарзоны кой афтæ зæрдиагæй кодтаид, æмæ цыфæнды хивæнд лæджы дæр йæхи динмæ раздæхтаид. Бахъардта йæ зæрдиаг ныхас Гиуæргимæ дæр, сног ис йæ уды рæбын ирон дзырды фарн.
Нафи[1].
»

Амардис дыууиссæдзаздзыдæй[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]