Мыртазты Барис

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мыртазты Барис
Райгуырды датæ 1917-æм азы 1 январы(1917-01-01)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1996-æм азы 29 июлы(1996-07-29) (79 азы)
Мæлæты бынат
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг ирон
Хорзæхтæ
Сырх Стъалыйы орден медаль «За боевые заслуги»

Мыртазты Алхæсты фырт Барис (райгуырдис 1917-æм азы Заманхъулы — амардис 1996-æм азы) у ирон поэт æмæ публицист.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Ахуыр кодта Заманхъулы хъæууон скъолайы, Ирпедучилищейы, Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты дыууæазон скъолайы, Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институты æмæ Уæлдæр литературон курсыты.

Уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, архайдта Варшавæ суæгъд кæныныл æмæ Берлин байсыныл тохты. Саккаг ын кодтой цалдæр хæстон ордены æмæ майдантæ. Хæстæй сыздæхти 1945 азы кæрон.

Куыста газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Æрыгон большевик»-ы редакциты, Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæны, бæстæзонæн музейы, чиныгуарзджыты æхсæнады.

Барисы фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты 1939 азы. Рауагъта 20 чиныджы бæрц.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012