Мырзагантæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Мырзагантæ (уырыс. Марзагановы) сты ирон мыггаг. Мырзагантæ равзæрдысты 1628-æм азы Хæрисджыны хъæуы Куырттаты комы. Сæ мыггаг, сæ фыд æмæ сæ мад цы хуындысты, уый бæрæг нæу, фæлæ уыдысты æртæ æфсымæры: Дзебыс, Мырзаган æмæ Моурау. Æфсымæртæй хистæр уыд Дзебыс, райгуырд 1620-æм азы. Уый кæстæр — Мырзаган — 1628-æм азы, æмæ сæ кæстæр æфсымæр Моурау — 1630-æм азы.

Æфсымæртæ чысыл куы рахъомыл сты, уæд кæимæдæр фæтуджджын сты. Цæмæй дарддæр фыдбылыздзинад мауал æрцæуа, уый тыххæй Дзебыс æмæ Мырзаган рæстæгмæ ацыдысты Хуссар Ирмæ. Моурау баззадис Хæрисджыны.

Цасдæр рæстæг куы рацыдис, уæд Дзебыс æмæ Мырзаган базыдтой, сæ кæстæр æфсымæр сæ фыды мæсыг ауæй кодта Гуытъиатæн, зæгъгæ. Дзебыс бафæдзæхста Мырзаганæн: «Ацу æмæ бабæрæг кæн не ’фсымæр Моурау, æмæ кæд æцæг мæсыг ауæй кодта, уæд æй ма бауадз калын». Мырзаган æрцыдис Хæрисджынмæ, федта сæ фыды мæсыг æрдæгкалдæй, стæй сæ бынтæй дæр уæй æрцыдис. Моурау афтæ фенхъæлдта, Дзебыс æмæ Мырзаган бытондæр алыгъдысты Хуссар Ирмæ æмæ уым мыггагмæ æрцардысты. Мæсыджы дуртæй Гуытъиатæ амадтой сæхицæн хæдзæрттæ. Уыцы æрдæгкалд мæсыг-гæнах абон дæр лæууы Хæрисджыны. Мырзаган, мæсыг, стæй бынтæй цы уæйгонд æрцыдис, уыдон фæстæмæ балхæдта. Моурауæн Мырзаган куы бауайдзæф кодта, цæмæн афтæ бакодтай, зæгъгæ, уæд ын уый ахæм дзуапп радта: «Сымах, мæ хистæртæ, уæ сæртæ бафснайдтат, алыгъдыстут Хуссар Ирмæ, æмæ уымæн ныууæй кодтон нæ бынтæ. Æз лидзын Уæлладжыры коммæ æмæ мæ мыггаг фыссын Моурауттæй».

Уæд ын Мырзаган афтæ зæгъы: «Мах Хуссар Ирмæ ацыдыстæм рæстæгмæ, дæхæдæг æй зоныс. Стæй ды нæ кæстæр æфсымæр куы дæ, уæд дæу мах рох кæнæм? Никуы! Фæлæ дæ кæд фæнды Уæлладжыры коммæ лидзын, уæд бæар дæхи, æцæг афæрсæм нæ хистæр Дзебысы, уый сæрты ахизын не ’мбæлы, уымæн дæр йæ цæст æвзæр нæ бауарздзæн махæн».

Мырзаган арвыста Дзебысмæ, Хуссар Ирмæ. Дзебыс Хæрисджынмæ куы æрыздæхт, уæд ын Мырзаган æппæт хабæрттæ дæр радзырдта. Дзебыс лæмбынæг байхъуыста Мырзаганы ныхæстæм, стæй куы бамбæрста Моурауы фæндон, уæд сабырæй загъта: «Мах стæм æфсымæртæ, кæрæдзийы æмбарæм, æмæ абонæй фæстæмæ дæр хъуамæ афтæ уа. Кæд Моурауы фæнды Уæлладжыры коммæ алидзын, уæд, табуафси, бар ын дæттæм. Мæнæн дæр мæ зæрдæмæ фæцыдысты Хуссар Ирыстоны быдыртæ æмæ цæрæнбынæттæ, уæлдайдæр та Дзимыры, æмæ уæ кæд фæнды, уæд æз та æрцæрон уыцы бæстæйы». Дзебыс æмæ Моурау бафарстой Мырзаганы, дæумæ та цы фæндон ис, зæгъгæ. Уый сын загъта, загъгæ, кæд мын бар дæттут, уæд æз баззайдзынæн нæ фыдæлты бæстæйы - Хæрисджыны.

Уыцы ныхæсты фæстæ æфсымæртæ сæ фæнд сиу кодтой æмæ куыд баныхас кодтой, афтæ Дзебыс алыгъдис Дзимырмæ, Хуссар Ирыстонмæ æмæ йæ мыггаг ныффыста Дзебысатæй. Уæдæй фæстæмæ равзæрд Дзебысаты мыггаг. Моурау алыгъдис Уæлладжыры коммæ, уый та йæ номмæ гæсгæ ныффыста Моураутæй, æмæ равзæрд Моурауты мыггаг.

Мырзаган баззад цæргæйæ Хæрисджыны, йæхи ныффыста Мырзагантæй, афтæ равзæрд Мырзагантæ мыггаг дæр.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]