Маулид

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Маулид (арабб. مَولِد‎‎)- Пехуымпар Мæхæмæты райгуырæн бон. Пысылмон дин чи кæны, уыдонæй Пехуымпар Мæхæмæты чи нæ зоны, ахæм нæ разындзæн. Hæ райгуырды мæй нымад у кадджын бæрæгбоныл, вæййы раби аль-аввалы мæйы дыууадæсæмы. Араббæгтæ ацы бæрæгбон хонынц Маулид ан-наби кæнæ Мавлид.

Пехуымпар Мæхæмæты райгуырæн бон бæрæг кæнын райдыдтой, исламы диныл æртæ сæдæ азы куы рацыд, уæд. Мæхæмæт кæд райгуырд, уый бæрæг нæу, фæлæ бæрæг у йæ амæлæн аз. Пысылмон адæммæ адæймаджы райгуырд афтæ кадджынæй нæ бæрæг кæнынц, йæ амæлæт сæм куыд кадджын у. Уый та уымæн афтæ у, æмæ, уыдонмæ гæсгæ, адæймаг куы амæлы, уæд бацæуы йе нусон цардмæ.

Исламы ахуырадмæ гæсгæ, Мæхæмæт у Дунесфæлдисæджы æрвыст лæг ацы дунемæ, йæ минæвар адæммæ. Уый у зондджын, алцыдæр чи зоны, алцыдæр чи æмбары, ахæм. Уый у ацы дунейы фæстаг Пехуымпар. Мæхæмæт хайджын у адæймаджы хуыздæр миниуджытæй, Хъуыраны иу æмæ дыууæ раны дзырд нæ цæуы, Мæхæмæт адæймаджы хуызæн кæй у.

Пехуымпар Мæхæмæты райгуырæн бон йæ номыл фæкувынц мæзджытты, Мæхæмæты тыххæй Хъуыраны цы æмдзæвгæтæ ис, уыдон фæкæсынц.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]