Маттеос Джугаеци

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Маттеос Джугаеци
Մատթեոս Ջուղայեցի
Маттеос Джугаеци (1715-æм азы миниатюрæ)
Маттеос Джугаеци (1715-æм азы миниатюрæ)
Райгуырды датæ 1350
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1411
Зонады къабаз теологи[d] æмæ æрдззонæн[d]
Куысты бынат
Альма-матер
Зонадон разамонæг Григор Татеваци
Зындгонд у куыд «Тимур æмæ йæ фæдонты историйы» автор

Маттео́с Джугаеци́ (сом. Մատթեոս Ջուղայեցի) — сомихаг хъуыдыгæнæг, литературæиртасæг æмæ теолог XIV—XV æнусты.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Райгуырдис XIV-æм æнусы æмбисы Нахичеваны, Джугайы сахары. Ахуырад райста Татевы университеты, Ованес Воротнецийы æмæ Григор Татевацийы къухдариуæджы бын. 1391—1393-æм æзты куыста сыгъдæг Карапеты моладзандоны, Апракунисы гавары; 1393—1395-æм æзты Тандзапарахы моладзандоны, Татевмæ ’ввахс. 1395-æм азæй йæ мæлæты онг (XV-æм æнусы 10-æм æзтæ) куыста ахуыргæнæгæй Татевы университеты.

Идеологон тох кодта униторты архайды ныхмæ, уымæй уæлдай ма хæцыдис адæмон театры хæлиуæнынады ныхмæ. Адæммæ сидтис, цæмæй «ма цæуой гусантæм, уымæн æмæ уыдон дзурынц Хайчы хъуыддæджыты тыххæй æмæ фæлварынц нæуисæны уд». Йæ уацты арæх фыста æрддзонæны фарстытыл, иртæста æрдзон материты ратæдзæнтæ. Йæ нымадмæ гæсгæ, æрдзы ис 10 «сыгъдæг» материйы — сыгъзæрин, æвзист, æрхуы, къала, зды, æфсæйнаг, лазурит, джынасу, сондон æмæ зынаргъ дуртæ: иннæ материты бындурыл дæр нымадта ацы дæс материйы. Григор Татевацийы философон хъуыдытæ уæрæх кæнгæйæ, Маттеос Джугаец æрбацыд ахæм хъуыдымæ, æмæ адæм фыццагæй хъуамæ уыдаиккой цыппаркъахонтæ, æрмæст стæй, бахъуыды рæстæджы, слæууыдысты сæ фæстаг къæхтыл.

Адæмы æмæ сырдты æхсæн цы хицæндзинад ис, уый Джугаецы уыдта растдæр ацы «эволюцийы». Сомихаг архуыргонд дзырдта, æмæ «сырдтæ куыд уыдысты, афтæмæй баззадысты цыппаркъахонтæй, уымæн æмæ сын нæ уыд хъуыдыгæныны хъомдзинад». Йæ хъуыдымæ гæсгæ, зонадоны иртæсæны предмет у объективон æцæгдзинад, кæцы гæнæн ис банхъарын зондæй. Объекты зонадон бындурæвæрæд та хъæуы иуыл фыццагдæр, цæмæй рымбырд кæнай теоретикон зонынады бæлвырд бын. Маттеос Джугаеци йæ мæлæты фæстæ ныууагъта стыр литературон бын — бирæнымæцон аргъуаны гимнтæ, 50-мæ ’ввахс уацы, полемикон куыстытæ[2]. Уæлдай зындгонд у йæ ныхас, бафарста йæ Григор Татевацийы куы ныгæдтой, уæд. Йæ куыстытæй нæм кæцыдæртæ бахæццæ сты оригиналы, ис дзы ахсджиаг мысæн фыстытæ. Стыр хъусдар дардта Сомихы дывыдон царды аххоссæгтæм.

Уацтæ[ивын | Бындур ивын]

  • «Комментари Евангелимæ Лукайæ» (сом. «Մեկնութիւն Ղուկասու Աւետարանին») — æмбарынгæнæг куыст, фыстæуыд 1391-æм азы. Фыст у "фарст-дзуаппы", конд у 22 хæйттæй, иумæйагæй 158-æм фарстимæ.
  • «Комментари к Евангелимæ Иоаннæй» (сом. «Մեկնութիւն Հովհանու Աւետարանին») — æмбарынгæнæг куыст, фыст уыд рæхджы «Комментари Евангелимæ Лукайæ» куы ныффыста, уый фæстæ. Уацы бындурыл райста Ованес Воротнецийы куыстытæ.
  • Мемуар, ныффыстæуыд рæхджы «Комментарий Евангелимæ Иоаннæй» куы ныффыста, уый фæстæ.
  • «Ныхæсты æмбырдгонд» (сом. «Հավաքում բանից») — ныффыстæуыд 1395-æм азы Татевы
  • «Цы заман зонæм уый тыххæй» (сом. «Վասն ժամանակաց գիտելոյ զորքանն») — фысæуыд 1402-æм азы Татевы.
  • «Æнæсайд таг» (сом. «Տաղ ազնիվ») — аргъуаны гимн, католикос Акопу Мцбнециæн нывондгонд. Фыстæуыд 1386-æм æмæ 1391-æм æзты, Ернджакы сахары, Тамерланы æфсады æрхъулайы рæстæджы.
  • аргъуаны гимнтæ (тагтæ), Григор Хлатецйы курдиатмæ гæсгæ фыст. Конд у акростихæй, фыццаг дамгъæтæй цæуы хъуыдиад "ի Մատթէոսէ, խնդրեաց Գրիգոր" (Маттеосæй, Григоры курдиатмæ гæмгæ).
  • эпитафи Григор Татевацийы мæлæтыл. Автор æй бафарста Татаевецийы зианы 1410-æм азы.
  • «Григор Татевацийы цыбыр цардафыст»[3]
  • «Апостолты хъуыддæджыты анализ» (сом. «Քննութիւն Գործոց առաքելոց») — нымады цæуы Джугаеци иуыл хуыздæр кустæй.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 Հայկական սովետական հանրագիտարան (сом.)Երևան: 1981. — Т. 7. — Ф. 289.
  2. Армянская Советская Энциклопедия, Մատթեոս Ջուղայեցի. — Ер., т. 7, Ереван, 1981, стр. 289
  3. Christian-Muslim Relations. A Bibliographical History. Volume 5 (1350-1500); Brill, 2013, 792 pp, стр. 232