Масайтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Масайтæ
Нымæц
  • 850 000 ад.
Ахæлиу
Æвзаг масайаг æвзаг[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Масайтæ сты африкæйаг фосдарæг знæм. Сæ нымæц у иу милуаны къаддæр, уыдонæй та Кенийы — 350 000—453 000 адæймаджы.

Масайты цард[ивын | Бындур ивын]

Африкæ дæр кæддæры Африкæ нал у — европæйаг цивилизаци ам дæр йæхионтæ кæны. Суанг ма хъæздгуыты цард нæ, фæлæ мæгуырты цард дæр аивта. Фæлæ дзы иу знæм баззад, æмæ уыдон, сæ фыдæлтæ куыддæриддæр цардысты, афтæ цæрынц ныр дæр — фыццагон хæринæгтæ хæрынц, фыццагон дзаума дарынц.

Сæ рæстæгмæйы хъæутæ хонынц боматæ, саразынц сæ сындз къутæрты астæу, кæнæ та сæ хъилтæй конд бырутæй сæхгæнынц. Фос дарынц сæ халагъудты ’хсæн. Халагъудтæ аразæг та сæм сты сылгоймæгтæ — зæххы арф тасаг михтæ ныссадзынц, сæ сæртæ сын кæрæдзимæ сбæттынц, уистæй сæ каубыд скæнынц, стæй сæ цъыфæй байсæрдынц.

Сæ хъæуы астæу фаджысæй куы байдзаг вæййы, уæд та æндæр ранмæ алидзынц. Исчи сæ куы амæлы, уæддæр сыстынц, сæ цæрæн бынат аивынц. Сæ мæрдты дæр фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ ’фснайынц: ахæссынц æй тыгъд быдырмæ æмæ йæ уым ныууадзынц хъæддаг сырдты æвджид.

Масайаджы тынг æнцонæй ис базонæн — сты бæрзонд, æлвæст, къæсхуыр, цæуынц стыр санчъехтæгæнгæ. Сæ сæйрагдæр куыст у фос дарын — ныллæг гуыбыр хъуццытæ æмæ сæгътæ. Лæгты уæлæдарæс у айдагъ хъуымацы кæрдæн.

Æрыгон масайæгтæ сты æфсæддонтæ — хонынц сæ морантæ. Уыдонæн сæ цæрæнуат у хибарæй, æппындæр ницы кусынц, æрмæст хæстон хъæзтытæй хъазынц, кафынц, хæзгултæ дарынц — «дæу у, мæн у»-тæ сæм нæй, афтæмæй; арæх цуан кæнынц цомахътыл, фыййæутты цыфыддæр знæгтыл.

Фос у масайты цардæн йæ астæу. Фаджысæй аразынц сæ хæдзæрттæ, сæ бæрæгбонты нуазын хъуцты туг æмæ афтæ дарддæр.

Домбайдзуан[ивын | Бындур ивын]

Цомахъимæ тох кæнын у алы мораны стырдæр бæллиц. Топп æмæ æрдынæй се сæфт уынынц, сæ сæрмæ сæ нæ хæссынц, хотыхæн сæм ис æрмæстдæр æрцытæ. Домбай ма кæд нæу хъæбатыр, уæд чи, фæлæ дардмæ дæр бæрзонд масайаджы куы бафиппайынц, уæд дзы сæхи иуварс айсынц æвæстиатæй. Фæлæ морантæ та семæ схæцынæй цъæх арт уадзынц æмæ къордæй домбайыл æрхъула кæнынц — уыцы хæстмæ бакæсын та диссаг куыд нæу! Домбай ныббогъ ласы, кæд мæ фæтæрсиккой, зæгъгæ, фæлæ йæм морантæ хæстæгæй-хæстæгдæр куы фæцæ-уынц алырдыгæйты, се ’рцытæ йæм ныддаргæйæ, уæд æй, цы амалæй ма раирвæза æрхъулайæ, ууыл йæ сæр хойын бахъæуы.

Искæуыл сæ йæхи уыциу уагъдæй бауадзы æмæ йæ кæнæ маргæ акæны, кæнæ йæ мæлæтдзаг цæф фæкæны, фæлæ йæхæдæг дæр хуыздæр ран нæ бахауы — æнæмæнг æй амарынц, ныххуынчъытæ йæ кæнынц се ’рцытæй. Йæ æвирхъау дзæмбыйы фæдтæ кæуыл ныууадзы масайæгтæй, уый та цæргæ-цæрæнбонты йæхицæй хъал вæййы. Æппæтæй стырдæр сгуыхтыл та сæм нымады у, домбайы йæ къæдзилы рæбынæй куы ацахсай, уæд уый — домбай уыцы сахат фæкуыддæр вæййы, æмæ йæ уæд морантæ æнцондæрæй амарынц, ома сæхиуыл къаддæр фыдбылызтæ æрцæуы. Æртæ хатты чи сарæхсы домбайы къæдзилмæ фæлæбурын, уый кад æмæ намыс та æнустæм æмбисондæн баззайынц.

Ныры рæстæджы сæ нал уадзынц домбæйттыл цуан кæнын, фæлæ уæддæр сусæгæй сæ куыст кæнынц, науæд рæсугъд чызджы зæрдæ цæмæй æрфæлмæн кæндзынæ?.. Искæмæй дыууæ хъуджы, науæд та æнæхъæн рæгъау дæр куы адавай, уæд сæм уый дæр сæрæндзинадыл нымад у. Масайты уырны, кæддæр æппæт дунейы фос сæхи кæй уыди, уый.

Масайты равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Ахуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй, дам, масайтæ сæ равзæрдмæ гæсгæ сты араббæгтæ — сындæггай-сындæггай Нилы гуырæнтæм лыгъдысты æмæ схæццæ сты бынæттон цæрджытимæ. Рагæй-æрæгмæ дæр ацы адæм се ’нæбасæттонæй хъуыстгонд сты: кæддæрты африкæйæгты цагъайрæгтæн куы уæй кодтой, уæд иу лæгдзуангæнæг дæр йæ ныфс нæ бахаста масайты бæстæм бацæуын. Гъемæ иунæг масай дæр цагъайраг не сси!

Уæдæ абон дæр тынг сæрыстыр сты, æфхæрд нæ барынц. Масайаг лæг æнæ арц санчъех дæр нæ акæндзæн. Арцимæ фæндаджы былыл баддзæн, уæдæ мæ кæд исчи йæ машинæйы авæрид, зæгъгæ; фос дæр æд арц хизы; уæдæ æндæр хъæумæ дæр уазæгуаты æнæ арц никæд ацæудзæн. Йæ арц кæй къæсæргæрон æрсадза масайаг лæг, уыцы хæдзары хицау æй хъуамæ тынг сбуц кæна, йæ хæдзар уый æвджид бакæна, суанг ма йæ усы дæр.