Малиты Геуæрги
Малиты Геуæрги | |
---|---|
Малити Геуæрги | |
Райгуырды датæ | 5 (17) ноябры 1886 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1942-æм азы 27 майы (55 азы) |
Мæлæты бынат | рæстмæгæнæн-фæллойгæныны лагерь |
Æмбæстонад | Уæрæсейы импери |
Архайды хуыз | поэт, публицист |
Сфæлдыстады азтæ | 1913-1937 |
Здæхт | революцион поэзи |
Жанр | поэзи |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Малиты Гæдойы фырт Геуæрги (1886-æм азы 5 ноябры, Чырыстонхъæу — 1942-æм азы 27 майы) уыди дыгурон поэт, фыста ирон æвзаджы дыгурон диалектыл.
Цæрæнбонтæ æмæ сфæлдыстад
[ивын | Бындур ивын]Малийы-фырт райгуырдис 1886-æм азы 5-æм ноябры, Чырыстонхъæуы (ныр у сахар Дигорæ). Фыста дыгуронау æмæ уырыссагау. 1917-æм азы Геуæрги уыди ирон революцион-демократон парти «Кермены» бындурæвæрджытæй иу. Малийы-фырты дисы бафтыдта национализацийы æгъатырдзинад, æмæ уый охыл ныууагъта политикон куыст æмæ 1920-æм азы æрыздæхтис йæ райгуырæн хъæумæ. 1923–1932-æм азты Гуылæры хъæуы куыста скъолайы директорæй. 1932-æм азы æрцардис Мустыздæхы. Уым куыста ахуыргæнæгæй æмæ йе ’мдугонтæ куыд дзырдтой, «цардис хæдæфсарм æмæ æнæзынгæ».
Уыцы азты дыгурон диалект нымад уыдис хæдбар æвзагыл, арæзт ын æрцыдис йæхи абетæ дæр, рауагъдæдты уагъд цыдысты чингуытæ æмæ æндæр мыхуыры æрмæг.[1] 1934-æм азы Геуæргийы райстой Советон фысджыты цæдисмæ. 1935-æм азы рауагъдады рацыдис йæ чиныг «Ирæф» (гыццыл радзырдты æмæ поэтикон уацмысты æмбырдгонд).
Афтæ фыста Геуæргийы сфæлдыстады тыххæй зындгонд иранист æмæ ирзонæг Абайты Васо[2]:
Лæмбынæг-ма ныхъхьусут ацы рæнхъытæм. Сæ хъуыды сын нæ зонд нæма æрцахсы, афтæ нын нæ зæрдæ балхæны сæ кæлæнгæнæг ритм æмæ азæлд. Ахæм æмдзæвгæтæ кæсгæйæ, зæрдыл æнæбары æрлæууынц Белинскийы ныхæстæ, Пушкины тыххæй кæй загъта, уыдон: «Что это за стих! Он нежен, сладостен, мягок, как рокот волны, тягуч и густ, как смола, ярок, как молния, прозрачен и чист, как кристалл...» Малийы-фырты размæ дыгуронау фыста стыр поэт Гуырдзыбеты Бласка. Йе ’взаджы хъæздыгдзинад диссаг куыд нæу! Фæлæ дыгурон æмдзæвгæйы сусæгтæ кæронмæ нæ рахатыдта. Малийы-фырты фæстæ дæр дыгуронау дзæвгар æмдзæвгæтæ фыст æрцыди. Курдиаты гакк сыл бæрæгæй зыны. Фæлæ дзы уылæны тасгæ-уасгæ хъазт нæ хъуысы. Кристаллау рæсуг дæр не сты. Æвæццæгæн, уыцы сусæгдзинад, дыгурон æмдзæвгæйы æмбисонды азæлды сусæгдзинад, Малийы-фырт æнафоны йемæ ингæнмæ ахаста... |
Мæлæт
[ивын | Бындур ивын]Поэт амардис 1942-æм азы зæрдæвæрæны мæйы 27 боны растгæнæн-фæллойгæныны лагеры. Йæ ингæн кæм ис, уый бæрæг нæу.
Йæ байзæддæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Поэты кæстæр лæппу, Малиты Васо, райгуырдис йæ фыды ’рцахсты фæстæ, сси зындгонд ирон фыссæг æмæ поэт[3].
Васойы чызг Зæринæ сси зынгæ оперон зарæггæнæг.
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Малити Г. Федоги мæлæт. Малийы-фырты радзырд «Ирæф»-æй.
- Малиты Геуæргийы æмдзæвгæтæ дыгуронау æмæ иронмæ тæлмацæй.
- Хъодзаты Æхсар Малиты Геуæргийы тыххæй. Малиты Геуæргийы æмдзæвгæтæ ирон диалектмæ ивдæй
- Зарæджы баззад йæ ном. Малити Геуæрги