Перейти к содержанию

Гуырдзыбеты Бласка

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гуырдзыбеты Бласка
Райгуырды датæ 1 (13) мартъийы 1868
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 18 июны (1 июлы) 1905 (37 азы)
Мæлæты бынат
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг ирон
Хорзæхтæ
орден Святого Владимира 4-й степени
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Гуырдзыбеты Майрæмсауы фырт Бласка, дыгур. Гурдзибети (Гурджибети) Блашка (райгуырд Мусхъæуы 1869-æм азы 1 мартъийы, амард хæсты быдыры 1905-æм азы 1 июлы) — фыццаг дыгурон поэттæй иу, дыгуронау чи фыста, фыццаг ахæм поэт.

Йæ уацмыстæ йæхи хардзæй уагъта. Дæлæ уыдоны номхыгъд:

  • Дигорон уаджимистæ — 1902,
  • Сахи рæсугъд (кадæг), Æдули (комеди) — 1903.

Блашкайы сфæлдыстады æппæты зынгæдæр у йæ стихтæй фыст дыууæактон комеди «Æдули» (Æдылы).

Блашка æфсæддон куысты æнувыд уыдис — йæ мæлæт дæр æфсады ссардта. 1905 азы Японы хæстмæ барвæндæй ацыдис, дæлесаулы цины, æмæ июлы фыццаг бон, æфцæг Санвайцзыйы цур атакæйы рæстæг дзыхъмард фæцис знаджы нæмыгæй. Цинкæй табæты Блашкайы мард æрластой йæ райгуырæн хъæумæ, æмæ уым ныгæд æрцыд йæ фыды фарсмæ. Гуырдзыбеты Блашкайы амардыл афæдз куы сæххæст, уæд цы полчъы службæ кодта, уый командир Н. Баратов «Терские ведомости»-йы фыста:

Санвайцзымæ намысджын бабырст дæлесаул Гуырдзыбейы-фыртæн уыдис фæстаг. Гуырдзыбеты Блашкайы марды фæстæ æнæхъæн полкъ дæр фæуыргъуыйау ис. Ацы хæсты фæмард, æдзух тохы цæхæрмæ йæ бæттæнтæ чи тыдта, уыцы афицер. Æртæ хатты йæ нæ уагътон уырдæм, фæлæ нæ ныллæууыд. Йе ’мгæрттæй æфсæрмыгæнгæйæ-иу афтæ дзырдта: „Казначейы хъарм бынаты кæй дæн, уый мæ къæмдзæстыг кæны. Цы хъуамæ ахъуыды кæной ме ’мгæрттæ?“ Æмæ нæ ныллæууыд...

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]
  • Юлия Старченко. Гуржибеков Блашка Иванович
  • Блашка (Власий Иванович) Гуржибеков/ Ардасенов Х., Очерк развития осетинской литературы, Орджоникидзе, 1959, стр. 200—210
  • Бибоева И. Г., Кизиты М. Р., Писатели Осетии, библиографический справочник, Владикавказ, Ир, 2015, стр. 38—40, ISBN 978-5-7534-1499-01