Къасарагом
Внешний вид
- Тырсыгомы нарæджы тыххæй кæс Хъасара.
Къасарагом | |
---|---|
Картæ | |
Къасарагом кæнæ Къасара (уырыс. Кассарское ущелье; гуырдз. კასრისხევი) у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы ком. Ис Буронæй Зæрæмæджы ’хсæн. Къасарагом æдзæрæг у. Къасарагомыл цæуы Уæлладжыры фæндаг.
Буронæй Зæрæмæджы ’рдæм æртæ километры æрбацæугæйæ рахизырдыгæй ис иу ком, хуыйны Сидæныком. Ис дзы Мыкалгабыры кувæндон. Иутæ йæ хонынц Къасарайы Мыкалгабыр, иннæтæ — Зæрæмæджы Мыкалгабыр. Ардæм Зæрæмæджы цæрджытæ алы аз дæр цыдысты стыр куывды бадынмæ.[1]
Этимологи
[ивын | Бындур ивын]Комы дæргъ у 14 км æмæ дуарау нарæг кæй у, уымæ гæсгæ йæ хуыдтой къæсæр æмæ дзы рауад Къæсæры — Къасарайы ком.[1]