Къæбиц

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Къæбиц (хуссар ныхасыздæхтыты ис æндæр вариант: мидæггом[1], дыгур. медæггойнæ) — сæрмагонд хатæн ирон традицион хæдзары, дардтой дзы бинонтæ хæлц. Къæбиц уыдис бинонты хистæр сылгоймаджы — æфсины æвджид, æмæ йе ’вастæй къæбицмæ бацæуын никæй бон уыдис. Ирон адæмы уырнындзинадмæ гæсгæ къæбицы цардис бинонтыл аудæг дзуар Бынаты хицау.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II-æм том