Бынаты хицау

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Бынаты Хицау (Бындур) — бынаты (хæдзары) бардуаг. Ирон адæмы уырнындзинæдтæм гæсгæ цæры къæбицы, æвдисынц æй ссырджын фыдуынд зæронд усы хуызы. Фæлæ йæ бон у æндæр хуызы февзæрын дæр, зæгъæм, лæппуйы, урс уæрыччы æмæ æндæр истæй хуызы. Бынаты хицауы сæ бон фенын у æрмæстдæр сылгоймаг дæснытæн, уый дæр Ногбон æхсæв.

Бынаты хицау ауды бинонтыл, уый къухты сты се ’нæниздзинад æмæ сæ амонд, хæдзарон фос дæр алыхуызон низтæй уыйхъахъхъæны. Уыимæ Бынаты хицау, ног чындз йæ фыды хæдзарæй куы фæцæуы, уæд æй раст фæндагыл саразы, ауды йыл. Кæнæ йын ахъаз кæны, цæмæй сахуыр уа йæ ног бинонтыл, æрбынатон уа йæ мойы хæдзары.

Бынаты хицау сылгоймæгтæм иннæ зæдтæй хæстæгдæр у. Бар сын уыдис йæ номæй дæр æй хонын. Афæдзы мидæг-иу бæлвырд бон Бынаты хицауæн æргæвстой нæл фыс, сæгъ, кæнæ хæдзарон мæргътæй исты. Сæ дзидза-иу сын Бынаты хицауæн куы скуывтой, уæд-иу æй хъуамæ бахордтаиккой æрмæстдæр бинонтæ сæхæдæг.