Æфсин

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æфсинирон адæммæ къонайы артдзæсты сылгоймаг бардуаг.

Уый аудыны фæрцы зынг нæ хуыссы къонайы артдзæсты. Бинонты хъæрмуд, цæрдхуыздзинад, цардбæллондзинад æмæ суанг сæ фæрныгад дæр уымæй аразгæ у. Уый номæй нæлгоймаг фырбуцæн хоны йæ цардæмбалы.

Æфсины куывд[ивын | Бындур ивын]

«

– Хуыцау, табу Дæхицæн, Стыр Хуыцау! Дæуæн кувæг стæм, Дæуæй курæг стæм, Æмæ нын ахъазгæнæг фæу. Хуыздæр хæрзтæ кæмæн ракодтай, Уый æмбал ацы хæдзар дæр фæкæн. Не ‘ртæ кæрдзыны нын барстæн айс.
– Оммен, Хуыцау!
– Фæндагсар Лæгты дзуар! Нæ бæлццæттæ де уазæг, Дæ рахиз базыры бын сæ бакæн. Дæ бынты чи цæуа, уыдон рæствæндаг куыд уой, Сæрæгасæй сæ хæдзæрттыл куыд æмбæлой, Aхæм ахъаз сын у. Сæ уæнг – рог, сæ арм – дзаг, фыдбылызæй – хызт, амондæй – тыхджын!
– Оммен, Хуыцау!
– Бынаты Хицау! Дæ быны цы бинонтæ ис, Уыдонæн дæ хæрзтæй хай кæн, дæ арм сыл дар. Сæ чысыл куысты бæркад куыд уа, Cæ кæрæдзийы дзырд сын амонд куыд хæсса, Уыцы æххуыс бакæн. Дæ къæсæрæй стыр фæндагмæ чи хиза, Уыдон фæстæмæ дæ бынмæ хъазгæ-худгæйæ, Дзагармæй куыд здæхой, ахæм амонд сын ратт. Сæ фæллойæ хайыры хъуыддæгтæ кæнынхъом уæнт.
– Оммен, Хуыцау!
– Къæсæры дзуæрттæ æмæ дауджытæ! Уæ къæсæртæй балцы фæндагыл чи хиза, Уыдоны уæ хорзæх уæд, Фæстæмæ уын сæ сæртæй ныллæг кувгæ куыд здæхой, Ахæм арфæ сын ракæн,
– Оммен, Хуыцау!
– О Мады Майрæм! Дæ лæвæрттæ цæринаг гуырдтæ фæуæнт. Фылдæр сæ чи уарзы, уыдоны фæндиаг лæгтæ куыд суой. Йæ къахы алгъ дæр дзы куыд никæмæн срисса, Мад, фыды фыдæбæттæ æмбарынхъомæй рæзæнт. Æгъдау æмæ ныфсæй – æххæст, хи фæллойæ – æфсæст, Хъаруджын, æмгарджын куыд уой, хъæубæсты æхсæн арфæйаг.
– Оммен, Хуыцау!
– Сыгъдæг Мады Майрæм! Амæндтæ дæттæг Хуыцау! Нæ чысыл стыр куыд кæна, не стыртæ зæрондмæ куыд цæрой, Уыцы хорзæхæй нæ хайджын фæкæн.
– Оммен, Хуыцау!
– Алардыхъан! Сызгъæрин тебæгъты дын фæкуывдæуа! А бæстæм куы æрцæуай – хъазгæ-худгæйæ нæ уадз. Де ртом нæм ма раздах, дæ чъылдымæн дын кувдзыстæм. Фæстæмæ здæхгæйæ нæ куывдтæ хæсджын уадз.
– Оммен, Хуыцау!
– Рыныбардуаг! Бинонты, сыхбæсты, хъæубæсты дæ рын, дæ сонæй бахиз, Табу дæ сыгъдæгдзинадæн!
– Оммен, Хуыцау!
– Фосы Фæлвæра! Hæ фосы сæрæй дын кæддæриддæр дæ ном куыд арæм, Уыцы амонд нæ уæд. Hæ иу сæр сæдæмæ куыд хиза, рæстмæйы хъуыддæгтæн сæ куыд хардз кæнæм, Уымæ кувæг стæм, æмæ нын уыцы ахъаз бакæн.
– Оммен, Хуыцау!
– Хохы дзуæрттæ, быдыры дзуæрттæ! Хохæй быдырмæ чи цæуа, быдырæй хохмæ чи здæха,– Рæстæмбæлджытæ сыл æфтау.
– Оммен, Хуыцау!
– Мыкалгабыртæ! Нæ уазæджы хай нын ма айсут. Нæ цæхх, нæ кæрдзынæй бæлццон-фæндаггонæн Кæддæриддæр æгасцуай зæгъынхъом куыд уæм, Уыцы хорз уæ курæм, æмæ нын арфæгæнæг ут!
– Оммен, Хуыцау!
– О Бæрзондыл Бадæг! Табу Де Стырдзинадæн! Адæм æнæмаст, æнæфыдбылыз куыд уой, бæстæ – сабыр. Æз кувын нæ зонын, хуыздæрæн Дæм кæй куывдтытæ фехъуыстысты, Уый æмбал мах дæр фæкæн. Хорз бæрæгбæттæ ныл куыд цæуæ Не ртæ кæрдзыны барстæн айс.
– Оммен, Хуыцау!
– Джеуæргуыбайы бонтæ дæр ныл дзæбæхæй æрхæццæ уæнт, сыгъдæг Лæгты дзуар! Нæ сыгъдæг кувинæгтæй дын дæ ном куыд арæм. Дæ кувæн бæласы бын дæ хъæубæстæ хорзæй куыд мысой, Хъæлдзæгæй куыд æрвитой дæ къуыри, уыцы арфæ сын ракæн.
– Оммен, Хуыцау!

»

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.
  • Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн. Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. – Дзæуджыхъæу, «Урсдон», 1999 – 176 с.