Кумахов, Мухадин Абубекиры фырт
Мухадин Абубекиры фырт Кумахов | |
---|---|
кæсгон-черкес. Къумахуэ Абубэчыр и къуэ Мухьэдин | |
Райгуырды датæ | 1928-æм азы 29 июлы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 2008-æм азы 7 июны (79 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | кавказзонынад, æвзагзонынад æмæ абаргæ-историон æвзагзонынад[d] |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | филологон зонæдты доктор[d] |
Ахуырадон ном | профессор[d] |
Мухадин Абубекиры фырт Кумахов (кæсгон-черкес. Къумахуэ Абубэчыр и къуэ Мухьэдин; райгуырдис 1928-æм азы 29 июлы, амардис 2008-æм азы 7 июны Мæскуыйы) уыд уæрæсейаг адыгъаг ахуыргонд-кавказзонæг, лингвист, компаративист. Филологон зонæдты доктор, профессор. Уæрæсейы зонæдты академийы сконды цы Æвзагзонынады институт ис, уый сæйраг зонадон архайæг.
Кавказзонынадмæ цы бавæрд скодта, уый тыххæй ын радтой Арнольд Чикобавайы номыл æхсæнадæмон преми. Кумахов уыдис Гуырдзыстоны зонæдты академи æмæ Европæйаг кавказзонджыты æхсæнады уæнг[1].
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]1952-æм азы æнтыстджынæй каст фæци Тбилисы паддзахадон университет.
Дзæвгар рæстæг фæкуыста Мæскуыйы Æвзагзонынады институты кавказаг æвзæгты хайады, йæ ус Зарæ Юсуфы чызг — уый дæр уыцы институт кусæг — куыд загъта, аст директоры, дам, аивгъуыдта[2]. Фæстæдæр кусын райдыдта уыцы институты компаративистикæйы хайады, 1991-æм азæй 2005-æм азы онг уыцы хайадæн разаманд лæвæрдта.
М. А. Кумахов цæуылты куыста, уыдоны ’хсæн уыдысты ныгуылæн-кавказаг æвзæгты грамматикæ, грамматикæйы иумæйаг теори, типологи, компаративистикæ[3]. Уый йеддæмæ ма иртæста фольклор, адыгъейæгты эпос æмæ йæ бастдзинад культурæимæ.
Хайад иста алыхуызон æхсæнадæмон форумты: Парижы, Лондоны (1990), Берлины, Мюнхены, Стамбулы æмæ афтæ дарддæр[1]. 1991—1998 азты куыста хуынд профессорæй Швецийы Лунды университеты, уым ныффыста дыууæ монографийы (куыд профессор К. Вамлингы æмавтор).
Хайад райста Черкессаг энциклопедийы саразыны хъуыддаджы[1]. Дыууæтомон чиныг «Кæсгон-черкесаг æвзаджы» сæйраг редактор (2006).
Мухадин Кумахов у 200 зонадон куыстæй фылдæры автор, уыдоны ’хсæн ныффыста 12 монографийы адыгъаг æвзæгты тыххæй: «Морфология адыгских языков», «Убыхский язык», «Словоизменение адыгских языков», «Сравнительно-историческая фонетика адыгских (черкесских) языков», «Очерки общего и кавказского языкознания» æмæ иннæтæ[1].
Сæйрагдæр куыстытæ
[ивын | Бындур ивын]- Кумахов М. А. Морфология адыгских языков. I. Синхронно-диахроническая характеристика. — Москва; Нальчик, 1964.
- Кумахов М. А., Кумахова З. Ю. Функциональная стилистка адыгских языков. — М., 1970.
- Кумахов М. А. Словоизменение адыгских языков. — М., 1971.
- Кумахов М. А. Сравнительно-историческая фонетика адыгских (черкесских) языков. — М., 1981.
- Кумахов М. А. Очерки общего и кавказского языкознания. — Нальчик, 1984.
- Кумахов М. А., Кумахова З. Ю. Язык адыгского фольклора: Нартский эпос. — М.: Наука, 1985.
- Кумахов М. А. Сравнительно-историческая грамматика адыгских (черкесских) языков. — М., 1989.
- Кумахов М. А., Кумахова З. Ю. Нартский эпос: язык и культура. — М.: Наследие, 1998.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Кумахов Мухадин Абубекирович: Некролог // Кабардино-Балкарская правда. № 110 (22402) от 10 июня 2008. — С. 4.
- Алексеев М. Е. Кавказоведческие исследования в Отделе кавказских языков Института языкознания РАН // Кавказоведение. 2002. № 1.
- Гутов А. М. Проблемы исследования нартского эпоса на современном этапе Архивгонд æрцыдис 14 ноябры 2021 азы.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 Умер выдающийся ученый-филолог Мухадин Кумахов REGNUM (уырыс.)
- ↑ Зара Юсуфовна Кумахова. Воспоминания об Институте языкознания (уырыс.)
- ↑ Кавказоведческие исследования в Отделе кавказских языков Института языкознания РАН. Æвзагзонынады институты сайтыл (уырыс.)