Корчулæ
Корчулæ | |
---|---|
хорв. Korčula | |
Характеристикæ | |
Фæзуат | 276,03 км² |
Бæрзонддæр цъупп | 569 м |
Цæрджытæ | 16 182 ад. (2001) |
Æнгомад | 58,62 ад./км² |
Ран | |
42°56′05″ с. ш. 16°51′12″ в. д.HGЯO | |
Акватори | Адриатикæйы денджыз |
Бæстæ | |
Жупани | Дубровник-Неретвæйы жупани |
Викикъæбицы медиа |
Ко́рчулæ (хорв. Korčula, гр. Κορκυρα Μελαινα, лат. Corcyra Nigra, итал. Curzola) у сакъадах Адриатикон денджызы, Хорватийы хуссар хайы, Далмацийы донбылы цур.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Сакъадахы истори йæ бынтæй ацæуы арф рагонады. Ссардтой дзы неолиты дуджы обæуттæ, финикийаг хъæутæ, раггрекъаг колонийы хæдзаруæттæ. VIII æнусы сакъадахмæ, куыд æгас Далмацийы донгæронмæ æрбайрвæзтысты славяйнаг знæмтæ. Фæлæ уæддæр йæ цæрджыты фылдæр суанг фæстаг астæузаманты онг, уыди ромайнаг æвзагджын.
XII—XV æнусты дæргъы, Корчулæ бирæ хæттыты хызти къухæй къухмæ. Къухдариуаг ыл кодтой бынæттон славяйнаг кънйазтæ, Венеци, Венгри, Генуя, уыдис ын хæдбары цыбыр рæстæг, уыдис Дубровничы республикæйы дæлбар, цалынмæ 1420 азы бæстон не сси венецийæгты. Корчулæйы хæдбардзинады заманы 1214 азы рауагъдæуыд, афтæ схонгæ, Корчулайы уагæвæрд - сакъадахы статус снысангæнæг æмæ историйы хъуыстгонд, куыд Далмацийы юридикон документты зæронддæртæй, закъæтты ’мбырд.
Бынæттон традицимæгæсгæ раст Корчулæйы гуырд уыди номдзыд бæлццон Марко Поло 1254-æм азы. 1298-æм азы сакъадахы цур схæцыдысты Генуяйы æмæ Венецийы флоттæ, генуяйæгты уæлахизæй фæуæвгæйæ. Марко Поло, дам, гæнæни, уыдаит венецийæгты ’вварс, уацары ахст æрцыд æмæ аластæуыд Генуямæ, кæм дзы, ахæстоны бадгæйæ, фæдиктытæ кодта чиныг йæ балцыты тыххæй.
1797-æм азы Венецийы республикæ дихгонд æрцыд Франц æмæ Габсбургты империйы æхсæн. Корчулæ Габсбургты фæци, фæлæ наполеойнаг хæстыты заманы 1806 азы сакъадах бацахстой францæгтæ æмæ уыди Францы империмæ хаст. 1807 азы Корчулæ уыди фæстæмæ ист черногориæгты æмæ уырыссаг флоты цæдисæй, Д. Н. Сенявины дæлкомандæдзыдæй. Уæддæр, фæсхæст, 1815 азы Корчулæ Далмацийы донгæронимæ байсты ис Австримæ.
1918-1921 æзты сакъадах соккупаци кодтой итайлæгтæ, Фыццаг дунеон хæсты фæстæ сси Югославийы хай. Дыккаг дунеон хæсты та йæ фæстæмæ итайлæгтæ бацахстой. Лыстæг Пелешацы донкъубалыл та ацыди арæн, куыд астæузаманты, фæлæ Венеци æмæ Дубровничы республикæйы ’хсæн нæйы, фæлæ Итали æмæ усташаг Хæдбар паддзахад Хорвати. Сакъадахыл активон архайд кодта антифашистон партизанон змæлд æмæ 1943 азмæ партизантæ быны контролмæ райстой Корчулæйы. Гермайнаг фашистты цыбыр æрбабырсты фæстæ, 1944 азы уыди бæстон сæрибар.
Хæсты фæстæ Корчулæ бахызти Хорватийы скондмæ, кæцы уыди СФРЮ-йы републикæтæй иу. Югославийы ныппæрхы фæстæ сакъадах сси хæдбар Хорватийы хай.