Кавказы æрдзæвæрæн

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Кавказы биосферон æрдзæвæрæн

Кавказы паддзахадон биосферон æрдзæвæрæн — паддзахадон тыгъд æрдзæвæрæн. Æххæст ном — Шапошников Христофор Георгийы номыл Кавказы паддзахадон æрдзон биосферон æрдзæвæрæн. Цæгат Кавказы тæккæ егъаудæр æмæ тæккæ рагондæр уæлдайхъаггæд æрдзон территори. Æрбынат кодта Уæрæсейы Федерацийы æртæ регионы гæрæттыл; Краснодары край, Адыгей æмæ Хъæрæсе-Черкесы Республикæ.

Æрдзæвæрæн у Кавказы домбайты æрдзæвæрæны бындар. Уый скондæуыд 1924-æм азы 12-æм майы, Ныгуылæн Кавказы ромыл æмæ субтропикон климæтон ронты арæныл. Ныр Кавказы æрдзæвæрæн у Европæйы тæккæ егъаудæр хъæды æрдзæвæрæн[1]. Йæ иумæйаг фæзуат — 280 мин гектарæй фылдæр, уыдонæй Краснодары крайы — 177,3 мин гектары.

1979-æм азы 19-æм февралы ЮНЕСКО-йы уынаффæмæ гæсгæ Кавказы æрдзæвæрæныл нысангонд æрцыд биосферон æрдзæвæрæны ном. 2008-æм азы январæй та хæссы Христофор Георгийы фырт Шапошниковы ном[2].

1999-æм азы Кавказы паддзахадон биосферон æрдзæвæрæн, Краснодары крайы æмæ Адыгейы республикæйы æндæр æрдзхъаггæнæн объектты къордимæ (уыдоны иумæйаг фæзуат 19 мин. Гектары бæрц) бахасдæуыд Дунеон бынты номхыгъдмæ куыд Ныгуылæн Кавказы Æппæтдунеон æрдзон бынты объект.[3]

Сфæлдысты истори[ивын | Бындур ивын]

Кавказы паддзахадон биосферон æрдзæвæрæны территори
Кавказы æрдзæвæрæн 2006-æм азы уагъд Уæрæсейы посты маркæтыл
ССРЦ-йы посты маркæ, 1973-æм аз, Домбайы ныв

Хъобаны цуан[ивын | Бындур ивын]

1888-æм азы Стыр кънйæзты Пётр Николайы фырт æмæ Георгий Михаилы фырты фæдзæхстмæ гæсгæ Паддзахадон исбоны Министрадæй æмæ Хъобаны облæсты хæстон уынаффæйадæй Стыр хохы (Кавказы сæйраг рагъы) районы райсдæуыд зæхх 480 мин десетины бæрц. Хъобаны Радæимæ бафыстæуыд фидыд цæмæй ацы территоритыл стыр къниæзтæн уа цуан кæныны æрмæстон, уæлвæткон бар. Фæстæдæр ацы бынатыл ныффидар ном Стыркънйазон Хъобаны цуан.

Цалдæр азы фæстæ кънйæзтæ Хъобанмæ балц кæнынæн нал бæззыдысты сæ æнæниздзинад фæцудыны охыл, стæй та, 1892-æм азы цуан кæныны уæлвæткон бар алæвæрдтой стыр кънйаз Сергей Михаилы фыртæн. Уый активонæй райдыдта территоримæ зилын[4].

Домбайты æвæрæн[ивын | Бындур ивын]

1906-æм азы хаццоны рæстæг куы фæуд кодта, уæд ма фидыд 3 азмæ багъæцыдысты, стæй та пълан кодтой ацы зæххытæ байуарын Хъобаны хъазахъхъы станицæтыл. 1909-æм азы Хъобаны Æфсады Белореченсчы хъæдхизынады хъæдгæс Шапошникоф Христофор Георийы фырт ныффыста Уæрæсейы Академимæ æмæ æнхъардта Хъобаны Æфсадæй ацы территоритæ рахицæн кæнын æмæ дзы æвæрæн сфæлдисын.

Сæйраг æвдисæйнагæн æрхаста сæфты къахыл лæууæг кавказаг домбайы хъаггæдад. Фыстæджы дзырддаг æрдзæвæрæны арæнтæ дæр афыста. Ацы фыстæджы бындурыл академик Насонов Николай Викторы фырт доклад бакаст æмæ Зонæдты Академи сæрмагонд къамис сфæлдыста. Шапошников, æфæддон хъæдгæс уæвгæйæ, уыцы къамисимæ архайдта æрдзæвæрæн кæныныл. Фæлæ хъуыддагæн цæлхдуртæ кæй уыд, йæ сæйрагдæр — хъобаны хъазахъхъ зæхуарст æнхъæл кæй уыдысты, уымæ гæсгæ хъуыддаг дæрддыл нæ аккуырст.

Фæлхатгæ æрдзæвæрæн æнхъæлцау уыд 1913-æм æмæ 1916-æм æзы дæр. Æппынфæстаг, 1919-æм азы хъуыддаг конд æрцыд.[5]

Регионы Советон хицауад куы æрфидар, уæд та фарст ногæй лыггæнинаг фæцис. Æрмæст1924-æм азы Паддзахадон Кавказы добайы æрдзæвæрæн бабындур.

Фаунæ[ивын | Бындур ивын]

Хъæддаг дзæбидырты дзуг Псеашхойы фæхстыл

Æрдзæвæрæны цæры æхсырæйхæссджыты 89 хуызы, 248 хуызы — мæргътæ, уыдонæй 112 ахстон кæнджытæ, хилджыты 15 хуызы, 9 — донзæххонтæ, 21 — кæсæгтæ, моллюскты 100 хуызæй фылдæр æмæ сасчыты 10 000 хуызы.

Æрдзæвæрæны уазджытæ хъуамæ æдзух сæ зæрдыл дарой йæ территорийыл туристтæн флорæ æмæ фаунæйы хъыгдарыны бар нæй[6].

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]