Мæргътæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мæргътæ
Мæргътæ
Зонадон классификаци
Паддзахад: Цæрæгойтæ
Тип: Хордæджынтæ
Кълас: Мæргътæ
Латинаг ном
Aves Linnaeus, 1758
ITIS 174371
NCBI 8782

Маргъ, цъиу, бирæон нымæц: мæргътæ, цъиутæ (лат. Aves) у рагъыстæгджын цæрæгойты хъармтуг айкæфтауæгты кълас, сæ минæвæрттæ хицæн кæнынц уымæй, æмæ сæ буар вæййы базыртæй конд æмæ сæ раззаг уæнгтæ сты ивд тæхыны фæрæзтæм — базыртæм (кæцы мæргъты хуызтæ нæ зонынц тæхын, уыдон сты æнæ райхæлгæ базыртæ).

Фыццагæй дæр мæргъты буар уыди тæхынхъом арæзт, фæлæ ныр ис бирæ æнæтæхæг мæргътæ. Ноджы ма иу хицæнгæнæн миниуæг у — бырынкъ (цъиубырынкъ).

Зæххыл абоны онг ис 9792 алыхуызон мæргътæ (2007 азы рардтæм гæсгæ), Уæрæсейы сæ ис — 657 ахстонгæнæг хуызы, фæлæ иууыл-иумæ та дзы нысангонд сты 789 хуызы, се ’хсæн 125, кæдонæн с’ ахстонгæнæн æвдыст нæу, æмæ 7 та быныскъуыд хуызы. Мæргътæ сты цыппарвадонты уæлкъласы æппæты æндæрхуызондæр къорд. Мæргътæ бынат кæнынц Зæххы къорийы алы экосистемæйы дæр Арктикæйæ Антарктикæмæ.

Зонад, кæцы иртасы мæргъты æмæ цъиуты хуыйны орнитологи.

Этимологи[ивын | Бындур ивын]

Ныхас «маргъ» цæуы ирайнаг *mrga-мæ, нысан кæны "маргъ". Абар. перс. murγ, (диал.) marγ "маргъ", пехл. murγ "маргъ"; перс. murγābī, курд. mirāwī "бабыз" (доны маргъ), бел. murg, murγ; афгъ. marγa marγə "маргъ", пам.сгл. mərγōk, marγōk "сырддонцъиу".[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II-æм том