Иберо-Америкæ
Внешний вид

Ибе́ро-Аме́рикæ (исп. Iberoamérica) — бæрæггæнæн, кæцы нысан кæны Европæйы æмæ Латинаг Америкæйы испайнаг- æмæ португайлагдзургæ паддзахæдтæ.
Термин ист у Иберийы (Пиренейы) æрдæгсакъадахы номæй, кæцыйыл сты Испани æмæ Португали. Афтæ сæ схуыдтой уымæн æмæ XVI-XVII æнусты испайнæгтæ æмæ португайлæгтæ бабырстой Централон æмæ Хуссар Америкæйы зæххытæм.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Иберо-Америкæйы истори байдыдта испайнаг æмæ португайлаг конкистадорты балцытæй Хуссар Америкæйы бæстæмæ.
- 1499 аз — Америго Веспуччи æмæ Алонсо де Охеда байгом кодтой Америкæйы континент.
- 1523 аз — Испани сфидар кодта æфсæдтон базæ Ямайкæйы.
- 1531 аз — Франсиско Писарро Перумæ бабырста æмæ Инкты Импери ныппырх кодта.
- 1536 аз — Испайнаг ногæрцæуджытæ бындур сæвæрдтой Буэнос-Айресæн.
- 1539 аз — Мехикойы байгом ис Ног Дунейы фыццаг мыхуыргæнæн.
- 1551 аз — Мехико æмæ Лимæйы бындурæвæрд æрцыдысты Латинаг Америкæйы фыццаг университеттæ.
XVI-XVII æнусты Испани Централон Америкæйы æмæ Хуссар Америкæйы зæххытæ баиу кодта иу империйы.
Иберо-Америкæйы паддзахæдтæ
[ивын | Бындур ивын]- Испайнагдзургæ паддзахæдтæ: (400 милуан адæймагæй фылдæр)
Аргентинæ 38 747 000
Боливи 9 182 000
Венесуэлæ 26 749 000
Гватемалæ 12 599 000
Гондурас 7 205 000
Доминиканæйы Республикæ 8 895 000
Испани 47 116 000
Колумби 45 600 000
Костæ-Рикæ 4 401 000
Кубæ 11,269,000
Мексикæ 107,029,000
Никарагуæ 5 487 000
Панамæ 3 232 000
Парагвай 6 158 000
Перу 27 968 000
Пуэрто-Рико 3 955 000
Сальвадор 6 881 000
Уругвай 3 463 000
Чили 16 295 000
Эквадор 13 228 000
- Португайлагдзургæ паддзахæдтæ: (200 милуан адæймагæй фылдæр)
- Каталайнагдзургæ паддзахæдтæ:
Андоррæ 69 150