Перейти к содержанию

Зруджы Майрæм

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Зруджы Майрæм

Зруджы Майрæм[1], Зруджы зæрин Майрæм[2] кæнæ Хозиты Майрæм у чырыстон аргъуан Цæгат Ирыстоны. Арæзт у Зруггомы доны рахиз былыл, Хидыхъус æмæ Фæзыхъæуы ’хсæн.[3]

Куыд сбæрæг, афтæмæй аргъуан арæзт æрцыд XI æнусы. Йæ арæзты сæйраг нысан уыдис ирон адæмы ’хсæн чырыстон дин рапарахат кæнын.[3]

Йæ систæ амад сты фаст æмæ лыггонд бур цынадурæй, дыууæ цъарæй, астæуæй — лыстæг цына дуры сæстытæ æмæ чъыруагъд. Йæ æддаг цъары дуртæй бирæтыл ис нывæфтыдтæ. Агъуыст у дæргъæццон, цыппæрдигъон. Йæ дæргъ скæсæнæй ныгуылæнмæ у 13 метры æмæ 20 сантиметры; фæрсмæ та — хуссарæй цæгатмæ — 7 метры æмæ 85 сантиметры; йæ бæрзæнд — 9 метры онг. Систы фæтæн сæ амадмæ гæсгæ у алыхуызон — 70–97 сантиметры. Йæ хурыскæсæн æмæ ныгуылæн систы ис æртыгай рудзгуытæ. Хуссарварс сисы та — 2 рудзынджы. Рудзгуыты ас æмæ бæрзæнд у алыхуызон. Сты нарæг æмæ дæргъæлвæс. Рухс тынгдæр дæттыны тыххæй куыд мидæмæ сты уæрæхдæр. Скæсæн æмæ ныгуылæн систы дыгай рудзгуытæ сты зæххæй 120 сантиметры бæрзæндæн.[3]

Хуссарварс сисы ныгуылæн хайы рудзгуыты бынмæ уыдис дуар. Уый арæзт у тулдзфæйнæгæй. Æддейæ йыл хуыд ис нывæфтыд зест стыр тымбылсæрджын зæгæлтæй. Дуарыл ауыгъд ис æртæ цыбыр рæхысы, чи зоны, зæллаг кæныны тыххæй.[3]

Мидæгæй къултæ амад сты рæсугъд, архитектурон тымбылгонд æмæ цæджындзгæндтимæ. Лæгъз сæрст къултыл зынынц сырхбын ахорæнтæй арæзт Чырысти æмæ æндæр зæдты нывтæ. Æмхуызон сты, Нузалы аргъуаны къултыл цы нывтæ ис, уыдонимæ. Цармæ хæстæг скæсæн æмæ ныгуылæн систы ныхас арауыны тыххæй æвæрд ис фæйнæ дурыны; хуссарварс сисы та — дыууæ.[3]

Скæсæнырдыгæй сисы хуылфы хуссар æмæ цæгатæрдыгæй къуымты ис 4 чысыл уаты, 1–2 лæджы кæм бацæуа, ахæмтæ. Сæ бахизæнты бæрзæнд у 150 см, сæ фæтæн — 70 сантиметры. Уæттæй дыууæ æвæрд сты агъуысты пъолы æмвæз, дыууæ та — уыдоны хæд сæрмæ сисы дыккаг æмбисы, 4 метры бæрзонддæр. Бинæгтæ рухс кæнынц рудзгуытæй. Сæ нысан зын рахатæн у. Майрæмы агъуысты бындур хохаг сисы хуызæн амад у бынæттон къæй æмæ дойнаг дурæй чъыримæ. Бындур зæххы ацыд дыууæ метры бæрц, йæ фæтæн та у иу метр.[3]

Зæгъæн ис уый, æмæ Майрæмы арæзтадæн цы диссаджы рæсугъд бынат равзæрстой, уый æрдзон фадæттæм гæсгæ бынтон æнæаипп нæ разынд. Майрæмы быны Зруггомы дон йæхи цавта æмæ цæвы цæгатварс къæдзæхыл. Чи зоны, фæстагмæ доны рахиз был цы стыр дуртæ разынди, уыдон арæзтады рæстæджы зæххы бынæй сæ риутæ дардтой доны цæвæнмæ, æмæ сыл дон фæтых уыдзæн, уый æнхъæл ничи уыдис. Фæлæ дон, азæй азмæ йæхицæн сæрибар фæндаг агургæйæ, бахсыдта дурты рахиз фæрстæ æмæ байгом кодта йæхицæн уæрæх фæндаг. Уый фæстæ арфæй-арфдæр къахта Майрæмы бын, слæмæгъ ын кодта йæ бындур, бафтыдта йæ тæссаг уавæры. Иу ахæмы фæцудыдта йæ цæгатварс сис, аскъуыдтæ ис йæ цар. Фæстæдæр аргъуаны агъуыстæй Хозитæ скодтой Майрæмы кувæндон æмæ алы аз дæр хосгæрдæнты рæстæг, 28 августы, йæ быны кодтой стыр куывд. Уайтагъд Зруджы æппæт цæрджытæ, уый фæстæ Туалгомы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хъæутæй цæуын байдыдтой Майрæмы бынмæ. Кувæндон фыццаг Зруджы цæрджытæ хуыдтой Хозиты Майрæм, фæстæдæр Зруджы Майрæм, стæй та Зруджы зæрин Майрæм.[3]

Куыд дзурынц, афтæмæй Зруггомы дон иу ивылды рæстæджы баирвæзт Майрæммæ хæстæг æмæ йын йæ цæгатварс сисы астæуккаг хай йæ фундаментмæ хæстæг рафæлдæхта.[3]

Æвæццæгæн, уый уыдаид 1889-æм азы Туалгомы æмæ Душеты уезды зæххы нынкъуыстæй хæдзæрттæ куы ныккалдысты æмæ сын их сæ хортæ куы ныццагъта, уæд: ивылд дон аласта Майрæмы ныв. Уый фæстæ йæ кæмдæр Мæздæджы зæххыл ссардтой. Уыйадыл цасдæр рæстæджы фæстæ, 1897 азы, Мæздæджы арæзт æрцыдис Майрæмы номыл аргъуан-кувæндон, æмæ уæд Зруджы бæсты уырдæм цæуын байдыдтой дард губернæтæй дæр. Дон та фæстæмæ йæ зæронд фæндагмæ базылд æмæ уæдæй фæстæмæ уыцы нарæг уыдис фоснайæн бынат æмæ дзы Зруджы фосдарджытæ пайда кодтой æрæджыйы онг. Фос-иу стыр дурты фæстæ донмæ хызтысты, дон сæ ласта йæ нарæг фæндагыл æмæ сæ калдта, разæй цы стыр донзилæн мал уыдис, уырдæм, æмæ-иу бирæ раленк-баленчы фæстæ æрбахызтысты фæстæмæ. Фаллаг фарсмæ сын къæдзæхæй бахизæн нæ уыд.[3]

1937-æм азы стыр къæвдаты фæстæ раивылдысты Зруггомы доны гуырæнтæ, тынгдæр та Къомы дон, æмæ стыр зиан æрхастой диссаджы архитектурон цыртдзæвæн Зруджы зæрин Майрæмæн.[3]

Ивылд дон ныммур кодта, Майрæмы бынмæ йæ фæндагыл æнусты цы стыр дуртæ фæлæууыд, уыдон æмæ сæ комы къуымты байтыдта. Йæхи базылдта Майрæммæ æмæ йын йæ цæгатварс сисы хæлддзаг æмæ ныгуылæнырдыгæй къул æд бындуртæ рафæлдæхта æмæ сæ Зруггомы доны амæттаг бакодта. Сидзæрæй баззадысты Майрæмы скæсæн æмæ хуссарварс цудыд систæ. Майрæмы алыварс амад ис, дыууæ метры бæрц йæ бæрзæнд, 120 метры та йæ дæргъ кæмæн у, ахæм дурын быру.[3]

Быруйы хуссарварс аргъуаны дуары комкоммæ уыдис дуар кæртмæ бахизынæн. Майрæм кувæндон куы сси, уæд дуар æхгæд æрцыдис. Уымæй цæгат-ныгуылæнæрдыгæй сисы ис рудзынг, ауыгъд ыл уыдис чысыл дзæнгæрæг, бæрæгбоны рæстæг дзы сыгъди мыдадзын цырæгътæ, æвæрдтой дзы мысайнæгтæ. Рудзынджы раз быруйы æмбуар амад ис, йæ сæр къæйтæй æмбæрзт кæмæн у, ахæм ныллæг — 50 сантиметры бæрзæндæн æмæ æртæ метры дæргъæн сис. Ам-иу æвæрдтой куывддонтæ сæ кувинæгтæ скувыны размæ.[3]

Быруйы сæрыл кæрæй-кæронмæ æвæрд уыдысты саджы, сычъийы, галы æмæ фыры сыкъатæ. Уыдонимæ фосы сæрты стæгдартæ. Ома Майрæмы номыл æргæвст цы нывæндтæ æрцыдис, уыдоны сæрты къуыдыртæ æмæ сыкъатæ.[3]

Ахъуыдыйаг у, ацы бæстыхæйттæм сæ сарæзтæй фæстæмæ цалцæг кæныны охыл æвнæлд кæй никуы æрцыдис, уыцы хъуыддаг. Зруггомы адæм сæ ком æдзæрæгæй куы ныууагътой, уæдæй нырмæ æнусы æрдæг рацыд, афтæмæй цæрæн хæдзæртты æмæ мæсгуыты систæн сæ фылдæр сæ бындзарæй афæлдæхтытæ сты, фæлæ Майрæмы быруйы систæ 800 азы размæ куыд уыдысты, уымæй бирæ нæ фендæрхуызон сты.[3]

Майрæмы тыххæй Зруджы кадджын фыдæлтæ ныууагътой бирæ хабæрттæ. Зруггом, дам, æхгæд уыдис хъæдæй. Майрæм дæр уыдис тар хъæды астæу. Зруггомы дон уыдис гыццыл. Майрæмы бынты цыдис нарæг фæндагыл дыууæ къæдзæхы ’хсæнты. Майрæм сарæзтой грекъаг дæснытæ. Йæ систы æвæрд дурынтæ, хъæдæрмæг æмæ арæзтадон дур Гуырдзыстонæй, Дзедойы æмæ Зикъарайы æфцджытыл ластой сыфцæй кæнæ хастой бæхуаргъæй йе та æккойæ. Бæхтæ уаргъимæ кæм нæ цыдысты, галтæ сыфцæй кæм нæ ластой, уыцы къæдзæхты æмæ æрхыты дур лæвæрдтой къухæй къухмæ, хъæдæрмæг хастой се уæхсчытыл.[3]

Аргъуан куынæуал бæззыд кусынмæ æмæ дзы Майрæмы кувæндон куы сарæзтой, уæд уый фæстæ Зруджы арæзт æрцыдис ног аргъуан, Майрæмæй 150 метры хуссарæрдæмдæр, уæлвæндаг, Хозиты лæгъз уæзæгыл, дон æмæ зæйæ тæссаг кæм нæу, ахæм бынаты. Йæ систæ амад сты бынæттон къæйбын дурæй чъыримæ. Æддейæ дæр æмæ мидæгæй дæр йæ къултæ сæрст сты чъырызмæстæй æмæ урс цагъд. Уымæн дæр Майрæмы хуызæн йæ дуар ис хуссарварс сисы ныгуылæн хайы. Йæ пъолтæ, йæ дуар æмæ хæрдмæхуыд фæйнæг уыдысты нæзыйæ. Йæ сæр уыд дыууæрдæм фæлдæхт æмæ хъуарийæ æмбæрзт. Йæ хурыскæсæн сисы ис дыууæ нарæг æмæ дæргъæццон рудзынджы. Йæ ныгуылæн фарсимæ иугонд уыдис дзæнгæрæгдзæгъдæн. Цы егъау дзæнгæрæг дзы ауыгъд уыд, уымæн йæ зæлланг хъуысти Зруггомы æппæт хъæутæм дæр.[3]

Аргъуаны алыварс амад ис дурæй быру. Советон хицауад хæхбæстæм ног цард куы бахаста, уæд Зруджы цæрджытæ аргъуаныл фестырзæрдæ сты, æмæ йæ дуар æхгæдæй баззад.[3]

1923–1924 азты Терчы облæстæй æрвыст лæгтæ раппæрстой аргъуаны дзæнгæрæг, ныппырх æй кодтой æмæ йæ аргъуаны зынаргъ дзаумæттимæ раластой Зругæй. Фæстæдæр комбæсты цæрджытæ аргъуаны агъуыстæй пайда кæнын байдыдтой ахуырадон-культурон æмæ хæдзарадон хъуыддæгтæн. Уыдис дзы куы скъола, куы хъæууон клуб, куы æмбалады къæбиц.[3]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975.
  2. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. IV том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1989.
  3. 3,00 3,01 3,02 3,03 3,04 3,05 3,06 3,07 3,08 3,09 3,10 3,11 3,12 3,13 3,14 3,15 3,16 3,17 Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]