Зафаробод
Внешний вид
Ацы статья у Таджикистаны сахары тыххæй. Узбекистаны сахары тыххæй кæс Зафарабад.
| Сахар | |||
| Зафаробод | |||
|---|---|---|---|
| тадж. Зафаробод | |||
|
|||
| 40°11′ с. ш. 68°53′ в. д.HGЯO | |||
| Паддзахад |
|
||
| Облæст | Согъды облæст | ||
| Истори æмæ географи | |||
| Сахатон таг | UTC+5:00[d] | ||
| Цæрджытæ | |||
| Цæрджытæ | 17 200 адæймаджы (2015) | ||
|
|
|||
Зафаробод (Зафарабад дæр) у Таджикистаны Согъды облæсты чысылдæр сахар. Лæууы Æххормæг быдыры, Ташкентæй Душанбемæ фæндагыл, æфсæнвæндаджы æлхынцъ Хавастæй 5 км æддæ. 1970-æм азы цæрджыты нымæц уыди 9 мин адæймаджы.
Зафаробод зындгонд сси куыд, æппæт ягънобæгты хохæй кæдæм рацæрын кодтой, уыцы бынат. Ныртæккæ Зафарабод у ягънобаг культурæ æмæ ягънобаг æвзаджы сæйрагдæр артдзæст. Зафарободы æмæ йæ алфамбылай цæрынц 6,5 мин ягънобаджы.
Цæрджытæ кæнынц бæмбæджы куыст.