Зассеты Герсан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Зассеты Никъалайы фырт Герсан (райгуырдис 1918-æм азы Знауыры районы Уахтъанайы хъæуы — амардис 1999-æм азы) у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг.

Герсанæн йæ хæстон фæндаг райдыдта 1942-æм азы Цæгат Кавказæй, Дзæуджыхъæуæй, æмæ ныххæццæ Скæсæн Пруссимæ (ныры Калининграды облæст æмæ Польшæйы цæгат-скæсæн).

Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Герсан хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæйы хæсты» фыццаг къæпхæны орденæй, «Сырх Стъалыйы» орденæй, «Æхсардзинады тыххæй» майданæй, «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй» майданæй, «Кёнигсберг сисыны тыххæй» майданæй, «Германыл фæуæлахизы тыххæй» майданæй, бирæ юбилейон майдантæй.

Зассеты Герсан Ирыстонмæ æрыздæхтис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дыккаг къорды инвалидæй. Йæ цард баиу кодта Пухаты Женяимæ æмæ сын райгуырд дыууæ лæппу æмæ æртæ чызджы. Куыста Ожорайы хъæуы скъолайы ахуыргæнæгæй.

Герсаны æртæ æфсымæры къухы нæ бафтыдис хæстæй æрыздæхын.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]