Перейти к содержанию

Зæгъойты Алан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Футбол
Зæгъойты Алан
Иумæйаг информаци
Æнæхъæн ном Зæгъойты Елызбары фырт Алан
Райгуырдис 1990-æм азы 17 июны(1990-06-17)[1] (34 азы)
Æмбæстонад
Ас 179[2] см
Уæз 75[2] кг
Позици æрдæгхъахъхъæнæг
Клубы тыххæй информаци
Клуб Уæрæсе ЦСКА (Мæскуы)
Номыр 10
Фæсивæдон клубтæ
Уæрæсе ДЮСШ №4 (Беслæн)
1999—2005 Уæрæсе Юность (Дзæуджыхъæу)
2005—2006 Уæрæсе Коноплёвы номыл академи
Клубон карьерæ
2006—2007 Уæрæсе Крылья Советов-СОК 37 (6)
2008—н. р. Уæрæсе ЦСКА (Мæскуы) 244 (53)
Национ иугонд командæ
2006—2008 Уæрæсе Уæрæсе (17 азмæ) 6 (4)
2009—2013 Уæрæсе Уæрæсе (21 азмæ) 3 (1)
2008—2018 Уæрæсе Уæрæсе 58 (9)[3]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Зæгъойты Елызбары фырт Алан (уырыс. Алан Елизбарович Дзагоев) (райгуырдис Беслæны, 1990-æм азы 17 июны) у Уæрæсейы футболист. Ирыстоны футболон скъолайы хъомылгæнинаг, «ЦСКА»-йы æмæ Уæрæсейы иугонд футболон командæйы æрдæгхъахъхъæнæг.

Йæ фыццаг тренер — Наниты Юрий[4].

2002 аз. Ахуыр райдыдта футболистты цæттæгæнæн Тольяттийы центр "Юри Коноплёвы номыл футболы академи"-йы.

2006 аз. Зæгъойты Аланы футболон карьерæ райдыдта командæ "Крылья Советов-СОК"-æн хъазынæй (Димитровград, Ульяновскы облæст). Ацы клубæн уый ахъазыд 37 хатты. Бакъуырдта æхсæз пурти.

2007 аз. Рахызт клуб ЦСКА-мæ. Уым йæ фыццаг хъазт кодта иу афæдзы фæстæ донецкаг "Шахтеры" ныхмæ "Фыццаг каналы хъалацы" фæлгæтты.

Зæгъойты Аланы айстой Уæрæсейы националон балмæ, 2012-æм азы Европæйы чемпионаты хъазынмæ. Уым, Чехийы командæимæ фембæлды, Алан бакодта дыууæ голы, æмæ ссис уыцы хъазты хуыздæр хъазæг, æртыккаг та бакъуырдта 12 июны Польшæйы командæйæн.

2013, 2014 азтæ. Уæрæсейы чемпион ЦСКА-йы сконды.

2014 аз. Хайад райста Дунейы чемпионаты финалон турниры Бразилийы.

Æнтыстдзинæдтæ

[ивын | Бындур ивын]

Хæрзиуджытæ

[ивын | Бындур ивын]

Зæгъойты Алан хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны Намысæн» майданæй. Республикæйы разамонæг Мамсыраты Таймураз æй уыцы хæрзиуæджы аккаг скодта, Европæйы Чемпионаты йæхи иттæг хорз кæй равдыста, уый тыххæй.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Alan Dzagoev // Transfermarkt (цалд.) — 2000.
  2. 2,0 2,1 Алан Дзагоев.. pfc-cska.com. Датæ: 2018-æм азы 4 июны.
  3. Количество матчей в сборной приведено без учёта товарищеской игры Россия — Литва (0:0) включительно, сыгранной 29 мая 2012 и не включенной в реестр официальных матчей ФИФА
  4. http://www.sportsdaily.ru/articles/poluzaschitnik-tsska-alan-dzagoev-c-abnado-prislushivatsya-k-starshim-c-bb-21308