Перейти к содержанию

Понедельник, Виктор Владимиры фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Футбол
Виктор Понедельник
Иумæйаг информаци
Æнæхъæн ном Виктор Владимирович Понедельник
Райгуырдис 1937-æм азы 22 майы(1937-05-22)[1]
Амардис 2020-æм азы 5 декабры(2020-12-05)[2] (83 азы)
Æмбæстонад
Ас 180 см
Уæз 79 кг
Позици размæбырсæг
Фæсивæдон клубтæ
Советон Цæдис Буревестник (Ростов-Доныл)
Клубон карьерæ
1956—1958 Советон Цæдис Ростсельмаш 63 (35)
1959—1960 Советон Цæдис СКА (Ростов-Доныл) 45 (17)
1961 Советон Цæдис ЦСКА 0 (0)
1961—1965 Советон Цæдис СКА (Ростов-Доныл) 114 (37)
1966 Советон Цæдис Спартак (Москва) 0 (0)
1956—1966 Æдæппæт 217 (86)
Национ иугонд командæ
1960—1966 Советон Цæдис ССРЦ 29 (20)
Тренеры карьерæ
1966—1969 Советон Цæдис Ростсельмаш
1968—1969 Советон Цæдис Ростсельмаш
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Ви́ктор Влади́миры фырт Понеде́льник (райгуырдис 1937-æм азы 22 майы[3], Ростовы-Доныл, УСФСР, ССРЦ) — советон футболист, 1960-æм азы Европæйы хъалацы «сызгъæрин голы» хицау. Советон Цæдисы спорты сгуыхт мастер (1965).

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Виктор Понедельник райгуырдис Ростовы-Доныл, йæ футболы карьеры райдыдта хæстон училищейы куы ахуыр кодта, уæд (ныртæккæ ацы училище у М. И. Неделины номыл ракетон тыхты хæстон институт)[4].

1956-æм азы Понедельник хъазын райдыдта ростоваг футболон клуб «Торпедо»-йы сконды, уый архайдта Советон Цæдисы кълас «Б»-йы, æмæ дзы бакуырдта æртæ голы фонд хъазты дæргъы. Сезоны фæстиуæгæн командæ райста 12-æм бынат. 1957-æм азы йæ ном раивтой «Ростсельмаш»-ыл.

1959-æм азæй Понедельник хъазыди хæстонты клубы, ныры «СКА» (Ростов-Доныл). Уый уыдис йæ дебют кълас «А»-йы.

Афтæ хорз хъазыди æмæ йæм хонæг арвыстой иугонд командæмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдæр дивизоны чи нæ хъазы, уыдон алы хатт нæ хонынц иугонд командæмæ. 1960-æм азы 19 майы йæ фыццаг хъазт уыдис иугонд командæйы сконды, Польшæйы ныхмæ, уæд Понедельник бакуырдта æртæ голы. Фæстæдæр командæимæ цыдис Францмæ, Европæйы чемпионатмæ; уым, финалы Югославийы ныхмæ хъазгæ, Понедельник бакуырдта «сызгъæрин гол», уымæй Советон Цæдисы командæ сси Европæйы хъалацы фыццаг хицау[4]. 1960-64 азты Понедельник нымад уыдис советон футболы хуыздæр хъазджытæй иуыл.

1966-æм азы уыдис мæскуыйаг «Спартак»-ы командæйы, фæлæ иу хъазт дæр нæ хъазыдис, афтæмæй раздæхтис ЦСКА-мæ æмæ йæ карьерæ каст фæци.

Æмткæй райсгæйæ 1956-æм азæй 1966-æм азы онг Понедельник хайад райста Советон Цæдисы чемпионаты 217 хъазты, бакуырдта 86 голы, иугонд командæйы сконды та бакуырдта 20 голы.

Йæ карьерæ куы фæцис, уæд Понедельник райдыдта кусын тренерæй «Ростсельмаш»-ы (1966—1969). 1969-æм азы фæстæ йæ фыды хуызæн спортивон журналист сси[4].

Анатолий Крутиковы куы фæмæрд, уæдæй нырмæ Виктор Понедельник у иунæг æгас 1960-æм азы Европæйы чемпион.

Æнтыстытæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Европæйы чемпионаты æмбулæг: 1960
  • Европæйы чемпионаты æвзист призёр: 1964

Чингуытæ

[ивын | Бындур ивын]
  • В. Понедельник. Любовь моя, футбол. — Ростов-на-Дону: Ростовское кн. изд-во, 1970. — 192 с. — 50 000 экз.
  • В. Понедельник. Штрафная площадка. — Молодая гвардия, 1977. — 224 с. — (Спорт и личность (ежеазник)). — 100 000 экз.
  • В. Понедельник. Мяч – в ворота. — М.: Малыш, 1980. — 36 с. — 200 000 экз.
  • В. Понедельник. Исповедь центрального нападающего. — М.: Воениздат, 1997. — 144 с. — 15 000 экз.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]