Джомолунгмæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Джомолунгмæ
Координатæтæ: 27°59′17″ с. ш. 86°55′31″ в. д.HGЯO
Кæм ис Непал, Китай
Хохы системæ Гималайтæ
Цъуппы бæрзæнд 8848,86 м
Фыццаг сцыд Тэнцинг Норгэй æмæ Эдмунд Хиллари
Джомолунгмæ (Непал)
Джомолунгмæ
Джомолунгмæ (Китай)
Джомолунгмæ
Категори ВикиКъæбицы

Джомолунгмæ (тиб. ཇོ་མོ་གླང་མ), Эверест (англ. Mount Everest), кæнæ Сагарматхæ (непал. सगरमाथा) у тæккæ бæрзонддæр цъупп Зæххыл, йæ бæрзонд алыхуызон бæрæггæнæнтæм гæсгæ 8844,43[1] кæнæ 8848[2], кæнæ 8852[3], кæнæ 8850[4] м, лæууы Гималайты. Хох æвæрд у Непал æмæ Китайы Тибеты автономон районы арæныл, цъупп Китайы ис ’рдыгæй. Йæ формæмæ гæсгæ у пирамидæйы хуызæн, хуссарварс у уырдыгдæр. Хохæй алырдæм бырынц æмæ кæлынц цъититæ, кæдонæн сæ кæрон ис 5 мин метры бæрзондыл. Хуссарварс æмæ пирамидæйы фæрсчытыл мит æмæ фирн нæ лæууынц, æмæ уымæн вæййынц гом. Хохы цыдæр хай хауы Национ парк Сагарматхæмæ (Непал).

Этимологи[ивын | Бындур ивын]

«Джомолунгмæ» у тибетаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд æмæ амоны «Уæларвон (jamma) Мад (ma) Зæххæн (lung)», æмæ йæ афтæ схуыдтой бойнаг дины зæды Шераб Чжаммы тыххæй. Джомолунгмæйы непайлаг ном — «Сагарматхæ» — дæтты тæлмацæй «Хуыцæутты Мад». Англисаг ном «Эверест» (англ. Mount Everest) лæвæрд æрцыдис хохæн сэр Джордж Эвересты (англ. George Everest кадæн. Уый уыди геодезион службæйы сæргълæууæг Британийы Индийы 1830-1843 азты. Цъуппæн ацы ном раттыны фæндон фыццаг рæгъмæ рахаста 1856 азы, йæ бынаты йæ чи раивта, уыцы Эндрю Во (англ. Andrew Waugh, 1810—1878), йæ дæлбар кусæг Р. Сикдара 1852 азы «Цъупп XV» фыццаг хатт куы сбарста æмæ куыд равдыста, уый регионы бæрзонддæр цъупп кæй у, стæй, гæнæн ис, æмæ уа æнæхъæн дунейы бæрзонддæр хох.

Схызтыты истори[ивын | Бындур ивын]

Уæлдæр цъуппытæ Джомолунгмæйы цур

Джомолунгмæмæ фыццаг схызт уыдис 1953-æм азы 29 майы. Схизджытæ уыдысты шерп Тэнцинг Норгэй æмæ ногзеландиаг Эдмунд Хиллари. 1950-æм азты арæзт æрцыдис 50 бæрц экспедицитæ Гималайтæм æмæ Каракоруммæ (Джомолунгмæмæ, Чогоримæ, Канченджангæмæ, Нанга Парбатмæ æмæ æндæр цъуппытæм). Экспедициты архайджытæн сæ къухы бафтыдис цалдæр авдминметрон цъуппы басæттын, фæлæ сæ бон астминонтæн ницы баци бакæнын. Тæккæ хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыстой ахæм æнæкæрон схызтыты Джомолунгмæмæ англисаг альпинисттæ — 1924 азы Нортон схызтис 8565 метрмæ, Джордж Мэллори æмæ Эндрю Ирвин (Н. Оделлы æркастмæ гæсгæ) — 8600 метрæй уæлдæр (ис бирæ фиппаинæгтæ, фæмард сты фæстæмæ фæндагыл ууыл, хæснаг бахæццæ сты цъупмæ æви нæ цæуы ма ныр дæр), 1933 азы П. Вин-Харрис, Л. Уэйгер æмæ Ф. Смит — 8565 м.

Адæймаг цы фыццаг астминон басаста, уый уыди Аннапурна I. 1950 азы йæм схызтысты францаг альпинисттæ М. Эрцог æмæ М. Ляшеналь. Уыдоны фæуæлахизы фæстæ асастис миф — ахæм бæрзонд цъуппытæм адæймаг кæй не схиздзæн, уый. Алы бæстæтæй альпинисттæ тагъд кодтой, цæмæй ма байрæджы кæной, æмæ фыццаг исты астминон цъупп басæттой. Фондз азы дæргъы фыццаг уæлахизы фæстæ саст æрцыдысты æхсæз астминон цъуппы: Джомолунгмæ (Англисы альпинисттæ), Нанга Парбат (Герман Буль, Австри), Чогори (Италийы альпинисттæ), Чо-Ойю (Австрийы альпинисттæ), Канченджангæ (Англисы альпинисттæ) æмæ Макалу (Францы альпинисттæ). Фæстæдæр азты уыцы змæлд нæ фæмынæг ис. Альпинизм цы бæстæты тынг фидар уыд (Австри, Англис, ФРГ, Франц æмæ Швейцари), уыдонмæ æфтауын райдыдтой АИШ-ы, Италийы, Японы, Аргентинæйы, Китайы, Индийы, фæстæдæр та Чехословакийы, Польшæйы, Югославийы, Хуссар Корейы, Советон Цæдисы, Уæрæсе, Хъазахстан æмæ Украинæйы альпинисттæ. Фыццаг сылгоймаг, Эверестмæ чи схызтис, уый уыд япойнаг альпинисткæ Дзюнко Табэй (1976 азы). 2005-æм азы 14 майы фирмæ «Eurocopter»ы тæхæг-фæлварæг Дидье Дельсаль (Didier Delsalle) æрбадын кодта хохы цъуппыл вертолёт Eurocopter AS 350 Ecureuil. Уый уыди фыццаг ахæм цау историйы.[5]

Джомолунгмæйы цъуппыл дымгæйы уад у 200 километр-сахат, температурæ та æхсæвæй æрхауы -60 градусмæ. 50 азмæ хохы къултыл фæмард дыууæсæдæ адæймагæй фылдæр. Алы аз дæр Эверестмæ схизын фæлварынц 500 адæймаджы афтæмæй йæм схизын бафæрæзтысты 900 альпинистмæ æввахс. Эвересты цъупмæ схызт ахсы иу-дыууæ мæйы — акклиматизаци æмæ лагерьты сарæзт нымайгæйæ. Адæймаг схызты фæстæ аппары 12-15 килограммы. Дыууæ бæстæйы кæмæ хауы Эвæрест хорз кусынц ацы хохыл, цæмæй альпинисттæн бар уа схизынæн, хъæуы бафидын ($12 000). Асламдæр у схизын Тибеты ’рдыгæй. Сезонтæ — уалдзæг æмæ фæззæг.

Фыццаг советон схызт Эверестмæ[ивын | Бындур ивын]

Фыццаг хатт Советон Цæдисы альпинисттæ схызтысты Эверестмæ 1982-æм азы уалдзæджы. Уымæй размæ экспедицийы архайджытæй иу дæр 7600 метрæй уæлдæр не схызтис. Экспедицийы сæргълæууæг уыди Евгений Тамм (зындгонд физик И.Е.Таммы фырт), хистæр тренер — Анатолий Овчинников, тренер — Борис Романов, штурмон капитантæ — Валентин Иванов, Ерванд Ильинский, Эдуард Мысловский. Ацы экспедици уыди 25 цъупмæ схизæг. Фыццаг экспедицийæ цъупмæ схызтысты Владимир Балыбердин æмæ Эдуард Мысловский, Сергей Бершов 4 майы 1982 азы æхсæвæй схызти М. Туркевичимæ æмæ уый уыди фыццаг схызтис æхсæвыгон. 4 майæ 9 маймæ Эвæресты цъуппыл ацы экспедицийæ балæууыдысты 11 архайæджы. Маршрут уыди тæккæ тæссагдæр хуссар-ныгуылæны фарсыл.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Ионгхезбенд Фрэнсис. Борьба за Эверест, М-Л., Госиздат, 1930.
  • Джон Хант. Восхождение на Эверест (журн.вариант), 1956. (Об экспедиции Хиллари 1953 года)
  • Уилфрид Нойс. «Южное седло» (Эверест). М., Мысль, 1975 г.
  • Reinhold Messner. Everest: Expedition to the Ultimate (Эверест: экспедиция к пределу), New York/London, 1979.
  • Reinhold Messner. Everest Solo (англ. издание The Crystal Horizon: Everest — The First Solo Ascent, 1980).
  • Месснер Райнхольд. Хрустальный горизонт, М., 1990. (О первом одиночном восхождении на Эверест без кислорода и в период муссонов).
  • Эверест-82. (Восхождение советских альпинистов на высочайшую вершину мира), М, ФиС, 1984.
  • Эверест-82 — Электронная версия книги
  • Фриц Рудольф. «Джомолунгма и её дети», М, Радуга, 1983. (Об Эвересте и доброй сотне вершин Гималаев).
  • Кононов Ю. Победа над Эверестом (Первая советская экспедиция на Эверест), Киев, 1985.
  • Kielkowski Jan, Mount Everest massif, EXPLO, 2000. (Окрестности Эвереста).
  • Поппи Брайт. Сбой системы (System Freeze), сборник The Devil You Know, 2003.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Survey puts Qomolangma at 8844.43 meters above sea level(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 14 ноябры. Архив 2007-æм азы 27 сентябры. (англ.)
  2. Everest not as tall as thought (англ.)
  3. http://geographer.ru/content/view/138/30/(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  4. PRESS RELEASE of the Swiss Foundation for Alpine Research Архивгонд æрцыдис 3 январы 2007 азы. (англ.)
  5. Сенсация: впервые в мире вертолёт сел на верхушку Эвереста Архивгонд æрцыдис 30 ноябры 2005 азы. 26 мая 2005

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]