Дауыраты Дамир

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Дауыраты Ханджерийы фырт Дамир (райгуырдис 1940-æм азы 14 августы Хуымæллæджы) у ирон поэт, фыссæг, журналист, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны Фысджыты æмæ журналистты цæдисты уæнг.[1]

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Бакасти Хуымæллæджы хъæуы астæуккаг скъолайы, Дзæуджыхъæуы педагогон техникумы, Ростовы Уæлдæр партион скъолайы журналистикæйы факультеты. Куыста Кировы районы газет «Размæ»-йы бæрнон секретарæй, фæскомцæдисы æмæ СЦКП-йы райкомты, Рахизфарсы районы газеты редакторæй, Беслæны сахары мэрæй.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Iryston.tv // Дауыраты Дамир
  2. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012