Давид Анахт
Давид Анахт | |
---|---|
Դավիթ Անհաղթ | |
| |
Райгуырды датæ | VI æнус |
Райгуырæны бынат | Ныгуылæны Сомих |
Мæлæты датæ | VI æнус |
Мæлæты бынат | Цæгат Сомих |
Зонады къабаз | философи[d], гносеологи[d], эпистемологи[d], логикæ[d] æмæ дины философи[d] |
Викикъæбицы медиа |
Дави́д Ана́хт (сом. Դավիթ Անհաղթ, Давид Æнæбасæттон; райгуырдис V-æм æнусы кæрон века — амардис VI-æм æнусы фыццаг æмбис) — сомихаг философ-неоплатоник, Александрийы неоплатонизмы скъолайы минæвар[1].
Философон архайад
[ивын | Бындур ивын]Давид Анахт ахуыр кодта Александрияйы неоплатоник Олимпиодормæ.
Æнæбастæтгæйы фæсномыг райста, æдзух иу философон быцæуты кæй рамбылдта, уый тыххæй. Философион архайд кодта Византийы, асджын кары раздæхтис Сомихмæ. Амардис Цæгат Сомихы. Йæ уацмыстæ баззадысты сомихаг æмæ бердзенаг æвзæгтыл.
Давид Анахты философи фыст у æртæ уацмысы: «Философийы бæрæггæнæнтæ», «Порфирийы „Баконды“ анализ», «Аристотелы "Категориты" райхæлд», «Аристотелы "Аналитикты" райхæлд». Æмиу кæны классикон платонизм Аристотель æмæ Пифагоры ахуырады элементтимæ. Йæ куыстыты фыссы бирæ философон фарстыты тыххæй: æрдзы æмæ философон зонады нысангонд, адæймаджы фæрæзтыл дунейы хаттæны æмæ æнд.
Трактат «Философийы бæрæггæнæнтæ»
[ивын | Бындур ивын]Иуыл зындгонд Давид Анахты куыстытæй у «Философийы бæрæггæнæнтæ». Уыцы трактаты Давид лæууы скептицизм æмæ релятивизмы ныхмæ, тох кæны философон хъæуыдыйы нысаныл æмæ аргъадыл. Философи дих кодта теоретиконыл æмæ практиконыл. Теоретикон философийы райдиан у уды хаттæны фæрæз. Практикон философи та теоретикон философийы бындурыл хъуамæ адæмты уд æрбакæна хæрзуагдзинадмæ.
Мысæн
[ивын | Бындур ивын]- 1980-æм азы, ЮНЕСКО-йы уынаффæмæ гæсгæ, нысангонд æрцыд Давид Анахты 150-аздзыд юбилей.
- Уыцы азы рауагътой посты маркæ Давид Анахты номыл.
- Давид Анахты номæй схуыдтой сахар Ереваны Канакер-Зейтуны административон районы сæйраг уынгтæй, иу.[2]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Д. Анахт / — Большая советская энциклопедия : [в 30 т.] / гл. ред. А. М. Прохоров. — 3-е изд. — М. : Советская энциклопедия, 1969—1978
- ↑ Улица Давида Анахта в городе Ереван . Датæ: 2021-æм азы 5 мартъийы.
Уацмыстæ
[ивын | Бындур ивын]- «Толкование „Аналитики“ Аристотеля», пер. с древнеармянского С. С. Аревшатяна. Ереван, 1967.
- «Определения философии», пер. с древнеармянского, предисловие и комментарии С. С. Аревшатяна. Ереван, 1960.
- «Анализ „Введения“ Порфирия».