Перейти к содержанию

Гулиа, Дмитрий

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дмитрий Гулиа
абх. Дырмит Иосиф-иԥа Гәлиа
Гуырæн ном абх. Гач Урыс-иԥа Гәлиа
Райгуырды датæ 1874-æм азы 21 февралы(1874-02-21)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1960-æм азы 7 апрелы(1960-04-07)[2][1] (86 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг абхазаг, уырыссаг æмæ гуырдзиаг
Хорзæхтæ
Ленины орден Фæллойадон Сырх Тырысайы орден Фæллойадон Сырх Тырысайы орден Фæллойадон Сырх Тырысайы орден медаль «За доблестный труд в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.»
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Гулиа Иосифы фырт Дмитрий (абх. Дырмит Иасыф-иҧа Гәлиа или Гач Урыс-иҧа Гәлиа) (1874-æм азы 9 (21) февраль, Уарчæйы хъæу — 1960-æм азы 7 апрель, Агудзерæйы хъæу, Абхазы АССР) уыди абхазаг фыссæг, Абхазы адæмон поэт (1937), абхазаг фысгæ литературæйы бындурæвæрæг.

Райгуырдис мæгуыр зæхкусæджы бинонты ’хсæн. Куы райгуырди, уæд ын радтой ном Гач, фæлæ фæстæдæр, йæ бинонтæ растуырнæг дин куы райстой, уæд йæ ном раивта Дмитрийæ. Хæрз сывæллон ма уыди, афтæ йæ бинонтæ иннæ гумаг абхазæгтау æрвыст æрцыдысты Туркмæ, фæлæ йæ фыдæн бантыстис рарвитын йæ бинонты фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæм.

Дмитрий ахуыр кодта ахуыргæнджыты семинары Гуры сахары. Фæстæдæр акуыста ахуыргæнæгæй.

1892-æм азы К.Д. Мачаварианиимæ иумæ сарæзтой абхазаг алфавит.

Йе ’мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонды поэт равдыста йе ’нæуынондзинад, абхазаг адæмы æфхæрджыты ныхмæ, æргомæй фыста йæ адæмы ирд æмæ амондджын фидæнмæ кæй бæллы.

1921-æм азы Гулиа сарæзта фыццаг абхазаг театралон къорд. Уыцы къорды сæргълæууæг Дмитрий уыдис йæхæдæг. Уымæй уæлдай ма Гулиа уыдис фыццаг абхазаг газет «Апсны»-йы редактор.

Дмитрий Гулиа у абхазаг адæмы æвзаг, истори, этнографийы тыххæй чингуыты автор.

Ахуыргонд ныгæд у Сухумы сахары центры, йæ номыл Музей-хæдзары кæрты.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Dmitrii Gulia // Encyclopædia Britannica (англ.)
  2. Гулиа Дмитрий Иосифович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  3. русская Википедия (уырыс.) — 2001.