Кæрдæгхуыз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Кæрдæгхуыз
Кæрдæгхуыз элементтæ кæй тырысатыл ис, уыцы паддзахæдтæ

Кæрдæгхуыз[1] (вариант кæрдæггъуыз) кæнæ та цъæх[2] — у цыппар сæйраг хуызтæй иу. Спектры уылæны дæргъ у 500—565 нанометры. Хуызы координатæтæ: RGB HEX — #00FF00.

Кæрдæгхуыз у зайæгойты хуыз, ууыл аххосæг у фотосинтезы пигмент хлорофилл.

Тырысатæ[ивын | Бындур ивын]

Кæрдæгхуыз у пан-африкæйаг хуызтæй иу (уыцы хуызтæ сты бур, кæрдæгхуыз æмæ сырх), уый тыххæй уыцы хуыз бирæ африкæйаг паддзахæдты тырысатыл фенæн ис. Кæрдæгхуыз у пысылмон дины символтæй иу — уый тыххæй, цæрджыты фылдæр хай пысылмæттæ кæмæн сты, уыцы паддзахадтæн дæр сæ тырысатæ сты кæрдæгхуыз. Ливийы тырыса у хуымæтæджы æнæисты кæрдæгхуыз хъуымац.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæтгæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Абайты Васойы Ирон æвзаджы этимологион дзырдуаты ис ахæм дзырд — зæр(æ), нысан кæны «кæрдæгхуыз», «кæрдæг». Кæс: Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. IV-æм том
  2. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.