Арубæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Арубæ
нидерл. æмæ папьям. Aruba
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Хæдбар сси 1 январы 1986 азы
Æвзаг нидерландаг
папьяменто
Сæйраг сахар Ораньестад
Стырдæр сахартæ Ораньестад
Синт-Николас
Ноорд
Хицауиуæджы хуыз Нидерландты къаролады хай
Фæзуат 180 км²
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2019)
Æнгомад

116 576 ад.
624 ад./км²
Валютæ Арубæйы флорин
Интернет-домен .aw
Телефонон код +297
Сахатон таг -4

Арубæ (нидерл. æмæ папьям. Aruba) у сакъадахон бæстæ Карибы денджызы хуссары, Венесуэлæйы былгæронмæ хæстæг (29 км). Арубæйæн ис сæрмагонд статус Нидерландты къаролады сконды. Бæстæйы фæзуат у 193 км², цæрынц дзы 105 мин адæймаджы — ома 544 цæрæджы алы квадратон километрæн. Бæстæйæн ис йæхи валютæ (арубæйаг флорин) æмæ интернеты домен (.aw).

Экономикæйы бындурон къабæзтæ сты æртæ: туризм, нефты ракуыст æмæ сындздидинæг рæзынкæнынад.

Туристтæй фылдæр æрбацæуынц АИШ æмæ Канадæйæ. Америкаг туристты нымæц фæкъаддæр и, 2005 азы майы Арубæйы æрыгон Натали Энн Холлоуэй куы фесæфти, уæдæй. Уæд Алабамæйы хицауад (чызг уырдыгон уыд) АИШ-ы цæрджыты разæнгард кодта Арубæмæ нал цæуын. Ныры онг дæр чызджы не ссардтой. Натали сакъадахы йæ фæллад уагъта скъола каст фæуыны фæстæ, æмæ, дам, æмкъласонтæ тынг бирæ кæрз нозт фæнызтой[1]. Æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ, чызджы фæндыди йæ ныййарджыты хæдзарæй алидзын[2].

Арубæйы цæрджытæ дзурынц нидерландаг æвзагыл æмæ сæхи бынæттон æвзагыл — папьяментойыл. Папьяменто у креолаг æвзаг, йæ бындуры ис испайнаг æмæ нидерландаг æвзæгтæ. Папьяментойыл цæуынц бынæттон газеттæ, ис ыл Википедийы хайад дæр.

Ораньестад

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. "Natalee Holloway: New Clues". CBS News. 2006-03-25
  2. "The other side of the Holloway-case: ‘Police Aruba hindered by FBI’". Amigoe. 2007-07-03.