Перейти к содержанию

Гаглойты Федыр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Гафез-æй æрвыст)
Гаглойты Федыр
Фæсномыгтæ Гафез
Райгуырды датæ 11 (24) сентябры 1913
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1983-æм азы 12 августы(1983-08-12) (69 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон
Хорзæхтæ
Фæллойадон Сырх Тырысайы орден Сырх Стъалыйы орден медаль «В ознаменование 100-летия со дня рождения Владимира Ильича Ленина» медаль «За победу над Германией в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» юбилейная медаль «Двадцать лет Победы в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» юбилейная медаль «Тридцать лет Победы в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» юбилейная медаль «50 лет Вооружённых Сил СССР» юбилейная медаль «60 лет Вооружённых Сил СССР»

Гаглойты Захары фырт Федыр (райгуырдис 1913-æм азы — амардис 1983-æм азы) у ирон фыссæг. Гафез, зæгъгæ, ахæм номæй дæр зындгонд.

Йæ уацмысты ’хсæн «Уæ бонтæ хорз, адæм!» (колхозон царды тыххæй) æмæ æндæртæ.

Фæсномыг

[ивын | Бындур ивын]

Йæ фæсномыг арæзт у йæ мыггаг, йæ ном æмæ йæ фыды номæй: Га — Гаглойты, Фе — Федыр, З — Захар = Гафез.[1]

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Гафез райгуырди Бакуйы. Йæ фыд уыди нефтгуырæнты кусæг. 1918 азы ралыгъди Хуссар Ирыстонмæ. Ам Федыр каст фæци педтехникум, стæй та пединститут. Уый фæстæ куыста хъæууон скъолайы директорæй, газет «Коммунист»-ы редакцийы.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæны ацыд æфсадмæ, хæцыди Хъырымы фронты. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йын саккаг кодтой Сырх Стъалыйы орден, æндæр хæрзиуджытæ. Хæсты уæззау цæф фæцис æмæ дыккаг къорды инвалидæй сыздæхт Ирыстонмæ. Куыста газет «Коммунист»-ы редакцийы, журнал «Фидиуæджы» редакторæй, Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон секретарæй. Амарди 1983 азы.

Гафез джиппы рауагъта 20 чиныджы бæрц. Сæ сæйрагдæртæ сты «Фарн» (1952), «Уацмыстæ» (1955), «Тулдзы къох» (1956), «Дзаджейы рухс» (1961), «Поэмæтæ» (1963), роман «Уæ бонтæ хорз, адæм» (1966), «Цардбæллон» (1974), «Фыды артдзæст» (1983) æмæ æндæртæ.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Хъазиты Мелитон. Ир æмæ ироны кадæг. Цхинвал, «Ирыстон», 2006 — 2000 ф.
  2. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012