Перейти к содержанию

Гæбуты Азæмæт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гæбуты Азæмæт
Райгуырды датæ 1985
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз прозаик
Сфæлдыстады азтæ 2009

Гæбуты Барисы фырт Азæмæт (фæсномыг — Джонни Рамонов[1][2]) у уæрæсейæг æмæ ирон фыссæг, юрист.

Гæбуты Азæмæт райгуырдис Дзæуджыхъæуы, 1985-æм азы. Каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет, стæй та аспирантурæ О. Е. Кутафины номыл МПЮУ[2]. У юридикон зонæдты кандидат[1], кусы Мæскуыйы юристæй[1].

Йæ фыццаг уацаутæ нымыххуыр кодта дзæуджыхъæуаг журнал «Дарьял»-ы, фыста сæ æд фæсномыг Джонни Рамонов[3]. Журналы интернет-версийы руаджы йæ уацмыстæ уыдысты интернеты ирон хайадæн дзуринæг цаутæ, æмæ цыл æрæх ныхас кодтой ирон форумтæ æмæ социалон хызты, афтæ рауад йæ радзырдтимæ «Реваз» (2009) æмæ «Аделинæ» (2008)[1].

Радзырд «Реваз»-ы сатарикон формæйы æвдыст цæуы, фæсивады ныхмæцæуыны хъуыддагтыл министрады кусын кæмæн йæ бон у, ахæм нырыккон æвзонг дзæуджыхъæуаджы сатирикон хуыз. Гæбуйы-фырты ныхæстæм гæсгæ, ацы радзырд рухс куы федта, уый фæстæ министрады мидæггæг слест цæуын райдыдта[1]:

« С Ревазом вышла смешная история. Это абсолютно собирательный образ молодого жителя Владикавказа, который работает в Министерстве по борьбе с молодежью. В минмолодежи я никогда не был и никого оттуда не знал. Но, видимо, описал всё похоже, потому что сотрудники дружно решили, что это работа инсайдера, и даже определили «подозреваемого»: он писал в своем ФБ, что его вызывал министр и спрашивал, зачем он занимается «этой фигней». »

Йе ’цæг номимæ мыхуырмæ цыд журналтæм: «Октябрь», «Дружба народов» æмæ Esquire Russia[2]. 2018-æм азы сæрды рауагъдад «Эксмо» рауагъта йæ фыццаг роман «Уазал бон хуры бын»[4][5][6]. Чиныджы кой цæуы дыууæ Дзæуджыхъæуы цæрæг чызджытыл, Майæ æмæ Зæринæйыл[6].

Гæбуйы-фырт фыссы фыццаг цæсгомæй, æрæх пайда кæны фæсивæдон сленг, æлгъыстытæ æмæ ирон æвзагæй ист ныхæстæй.[1].

2009-æм азы «Неформат» премийы лонг-листмæ бацыд, 2011-æм азы та «Дебют» премийы лонг-листмæ.[1] 2019-æм азы, æд йæ роман «Хуры бын уазал бон», бацыд преми «ФИКШН35»-ы шорт-листмæ[7][8], журнал GQ-мæ гæсгæ у Уæрæсейы фондз æппæты хуыздæр æвзонг фысджытæй сæ иу[9].

Тæлмæцтæ

[ивын | Бындур ивын]

Йæ дыууæ радзырды, «Реваз» æмæ «Нæйы. Ды та?», тæлмæцгонд æрцыдысты эсперантойы æвзагмæ альманах Beletra Almanako-йы[2], 2011-æм азы. Англисаг æвзаджы рацыд йæ радзырд «Фырт»[10] (2020-æм азы ноябрь).

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 1,5 1,6 «Абсурд все гуще и смешнее» (интервью с Азаматом Габуевым). Датæ: 2019-æм азы 20 декабры.
  2. 2,0 2,1 2,2 2,3 Рассказ осетинского прозаика Азамата Габуева опубликовали в Esquire. Sputnik Южная Осетия. Датæ: 2020-æм азы 8 январы.
  3. Алан Цхурбаев о 90х в Осетии, подпольной литературе и становлении журнала "Дарьял". Датæ: 2019-æм азы 19 декабры.
  4. Холодный день на солнце. eksmo.ru. Датæ: 2020-æм азы 8 январы.
  5. "Я не позорю Осетию". RFE/RL. Датæ: 2020-æм азы 8 январы.
  6. 6,0 6,1 Писатель из Осетии Азамат Габуев представил свою книгу на Московской международной книжной выставке-ярмарке. 15-Й РЕГИОН. Датæ: 2020-æм азы 8 январы.
  7. Короткий список | Фикшн35(недоступная ссылка). Премия ФИКШН35. Датæ: 2019-æм азы 27 декабры. Архив 2021-æм азы 10 ноябры.
  8. Объявлен шорт-лист премии ФИКШН35 - рецензии и отзывы читать онлайн. prochtenie.org. Датæ: 2020-æм азы 8 январы.
  9. Осетин и дагестанка вошли в пятерку лучших молодых писателей России по версии журнала GQ, 25.12.2018.
  10. “Son” by Azamat Gabuev, translated from the Russian by Elaine Veronica Wilson(англ.). Датæ: 2020-æм азы 11 ноябры.