Гæбæраты Никъала
Гæбæраты Никъала | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1924 |
Райгуырæны бынат | Куатетри, Знауыры район |
Мæлæты датæ | 2014-æм азы 2 мартъийы |
Мæлæты бынат | |
Зонады къабаз | ӕвзагзонынад æмæ бæстæзонад[d] |
Гæбæраты Ясоны фырт Никъала (райгуырдис 1924-æм азы Куатетрийы хъæуы Знауыры районы[1] — амардис 2014-æм азы 2 мартъийы Цхинвалы[2]) уыдис филологон зонæдты доктор, профессор, Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, «Цыты Орден»-ы кавалер, Уанеты З.Н.-йы номыл ХИЗИИ-йы æвзаджы хайады разамонæг 1961 азæй.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Гæбæраты Никъалайыл куыддæр 17 азы сæххæст, афтæ йæм 1941-æм азы, æрсидтысты Советон æфсады рæнхъытæм. Æвзонг лæппуйы барвыстой Бакуйы æфсæддон ахуыргæнæндонмæ артиллерист суæвынмæ. 1942-æм азы октябры сси артиллерион взводы командир. Фæстæдæр уыд активон хæстон Хуссар Ныгуылæн фронты сконды.
1947-æм азы ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы паддзахадон университеты уырыссаг филологийы факультетмæ. Йæ дипломон куыст та снывæзта Нарты эпосæй. 1952-æм азы Гæбæраты Никъала бацыд аспирантурæмæ. 1956-æм азы аспирантурæ каст фæцис æмæ бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци уырыссаг æмæ ирон æвзæгты фразеологитыл. Уый фæстæ йæ æрбахуыдтой кусынмæ Уанеты Захары номыл ХИЗИИ-мæ. 1961-æм азæй фæстæмæ Гæбæраты Никъала куыста æвзаджы хайады разамонæгæй. 1963-æм азæй æвзаджы хайад райдыдта кусын «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат»-ыл æмæ уæдæй фæстæмæ Гæбæраты Никъала куыста уæхскуæзæй ацы дзырдуатыл. Уыд йæ сæйраг редактор. Дзырдуатыл кæд æнæхъæн коллектив куыста, уæддæр ын иу лексикон иуæг дæр нæ ирвæзт æнæбакæсгæ æмæ дзы-иу алыхатт дæр бахаста йæхи фиппаинæгтæ.
1978-æм азы Цхинвалы мыхуыры рацыд Гæбæраты Никъалайы «Ирон æвзаджы инверсион дзырдуат». Уыцы азты ма Гæбæраты Никъала бахъахъхъæдта докторон диссертаци ахæм темæйыл: «Морфологическая структура слова и словообразования в современном осетинском языке», кæцы мыхуыры рацыд монографийæ (Тбилис, 1977) æмæ йын стыр аргъ скодтой академиктæ Абайты В.И., И.М. Стеблин-Каменский æмæ æнд.
Бынæттон телеуынады фæуагъта ралæвæрдтæ «Не ’взаг — нæ хæзна».
Йæ литературон-критикон уацты пайда кодта фæсномыг «Пиранты Микка»-йæ.
Зыдта ирон, уырыссаг, зæрондславяйнаг, гуырдзиаг, англисаг æвзæгтæ.
Йæ сæрмагонд куыстыты нымæц абоны бон æххæссы 200 фылдæрмæ.
Хæрзиуджытæ
[ивын | Бындур ивын]2008 азы Уæрæсейы президент В. Путины Указмæ гæсгæ схорзæхджын кодтой Пушкины номыл Уæрæсейы Федерацийы майданæй.[3]
2010 азы йæ РЦИ-Аланийы сæргълæууæг схорзæхджын кодта орден «Во славу Отечества»-йæ æмæ 2011 азы та «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты» тыххæй Хетæгкаты Къостайы номыл премийæ хорзæхджын æрцыд.[4]
Зонадон куыстытæ
[ивын | Бындур ивын]- Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат. 1 том. — М.: Наука, 2007
- Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат. 2 том. — М.: Наука, 2010
- Ирон æвзаджы инверсион дзырдуат. Цхинвал, 1978.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Государственное информационное агентство "Рес" // Ушел из жизни известный ученый-осетиновед, профессор Николай Габараев
- ↑ Осетия-Квайса // Ушел из жизни профессор, крупный лингвист Николай Габараев
- ↑ https://dic.academic.ru/dic.nsf/ruwiki/1637074
- ↑ Гæбæраты Феликс. "Гæбæратæ" — Дзæуджыхъæу: Осетия-Полиграфсервис, 2015 — 444 ф.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Ossetians.com // Габараев Николай (уырыс.)
- Хурзæрин // Гæбæраты Никъала(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
- 1924-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- 2 мартъийы чи амардис, уыдон
- 2014-æм азы чи амардис, уыдон
- Цхинвалы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Ахуыргæндтæ алфавитмæ гæсгæ
- Хуссар Ирыстоны профессортæ
- Хуссар Ирыстоны филологтæ
- Уæрæсейы лингвисттæ
- Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреаттæ
- Ирæттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
- Гæбæратæ
- Знауыры районы чи райгуырдис, уыдон