Владимир (Украинæ)
Сахар
![]()
![]() |
Владимир (укр. Володимир[1] — Володымыр) у сахар Украинæйы Волыны облæсты. Йæ раздæры ном уыд Владимир-Волынский (1944-æм азæй 2021-æм азы декабры онг).
Сахар хæссы кънйаз Владимир Святославы фырты ном, йæ кой фыццаг хатт кæны азгайфыст 988-æм азы. Астæузаманы ма зындгонд уыди йæ латинаг номæй дæр, Лодомери (Lodomeria), зæгъгæ. XI-XII æнусты уыдис Киевы Уырысы ахсджиагдæр сахартæй иу, Киев æмæ Черниговы æмсæр. XII æнусæй сси хицæн Волыны кънйазады сæйраг сахар, æлдариуæг дзы кодта Владимир Мономахы фырт Мстиславы фырт Изяслав.
Фыццаг дунеон хæсты фæстиуæгæн сахар дзырддаг фæци æртæ бæстæйы ’хсæн æмæ баззадис, хæдбардинад чи райста, уыцы Польшæйы. Цæрджыты фылдæр хай уыцы рæстæг уыдысты польшæйæгтæ æмæ дзуттæгтæ[2].
1939-æм азы, немыц Польшæмæ бырсын куы райдыдтой, сахар байстой советон æфсæддонтæ, æмæ уыцы азы ноябрæй уый бацыдис Украинæйы ССР-йы скондмæ. Тагъд рæстæджы цы Фыдыбæстæйы Стыр хæст райдыдта, уый дæргъы сахар ссæрибар кодтой æрмæстдæр 1944-æм азы 20 июлы.
Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ https://www.bbc.com/ukrainian/news-59665737
- ↑ Władysław Siemaszko, Ewa Siemaszko, Ludobójstwo dokonane przez nacjonalistów ukraińskich na ludności polskiej Wołynia 1939-1945, Warszawa, „von borowiecky”, 2000, s. 950-958 (польш.)
![]() |
Волыны облæсты сахартæ | ![]() |
Сæйраг сахар: Луцк Берестечко | Владимир | Горохов | Камень-Каширский | Киверцы | Ковель | Любомль | Нововолынск | Рожище | Устилуг |