Брытъиаты Аслæнбег

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Брытъиаты Бусчы фырт Аслæнбег (райгуырдис 1938-æм азы Дзæуджыхъæуы) у ирон æмæ уырыссаг поэт.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Брытъиаты Аслæнбег райгуырдис Дзæуджыхъæуы. Йæ фыд Буск уыдис заводы кусæг, 1942 азы фæмардис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Аслæнбег бакастис астæуккаг скъолайы æмæ арæзтадон техникумы. 1958–1961 азты уыдиc Советон Æфсады. Уый фæстæ куыста заводы. 1964 азы ацыдис Узбекистанмæ æмæ дзы фæцис 27 азы бæрц. Куыста доны хæдзарады æмæ мелиорацийы министрады, бастдзинады министрады æмæ æндæр рæтты.

Æмдзæвгæтæ фыссыныл фæцалх скъолайы. Фыссы уырыссагау æмæ иронау. Йæ ирон æмдзæвгæтæ хицæн чиныгæй рацыдысты 2003 азы Дзæуджыхъæуы, «Лæгвæд», зæгъгæ, ахæм номимæ.[1]

Аслæнбеджы æмдзæвгæ[ивын | Бындур ивын]

Гыццийы зарæг
Уæртæ рудзынгæн йæ авгыл
Салф ыскодта цил.
Мæн йæ мидбылхудтæй тавы
Хъызты дæр Гыцци.
Ниуы уад æргъæвст тæрхъусыл,
Уаддымгæ — хъæхъхъаг.
Æз мæ мады хъæлæс хъусын —
Хъарм, фæлмæн, зæлдаг.
Лидзы фын мысты хыртт-хырттæй,
Скъæты уасы стур,
Хъуысынц мæм мæ мады дзырдтæ:
«А-ло-лай, мæ хур!»

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012