Борис III
Борис III | |
---|---|
болг. Борис Клемент Роберт Мария Пий Луи Станислав Ксавие Сакскобургготски | |
| |
1918-æм азы 3 октябры — 1943-æм азы 28 августы | |
Раздæр чи уыд | Фердинанд I[d] |
Фæстæдæр | Симеон II |
Райгуырдис |
1894-æм азы 30 январы[1][2][…] |
Амардис |
1943-æм азы 28 августы[4][5][…] (49 азы) |
Ныгæныны бынат | |
Мыггаг | Саксен-Кобург-Гота (Болгари)[d] |
Фыд | Фердинанд I[d] |
Мад | Мария Луиза Бурбон-Пармская[d] |
Æмкъай | Джованна Савойская[d] |
Сывæллæттæ | Мария Луиза Болгарская[d][7] æмæ Симеон II |
Ахуырад | |
Архайд | политик[d] |
Дин | растуырнæг дин æмæ католицизм |
Къухæрфыст | |
Монограммæ | |
Хорзæхтæ | |
Хуындад | инфантерийы инæлар[d], инæлар-лейтенант[d], инæлар-майор[d], дæлбулкъон[d], майор[d], капитан[d] æмæ лейтенант[d] |
Викикъæбицы медиа |
Борис III уыд Болгарийы паддзах 1918-æм азы 3 октябрæй 1943-æм азы 28 августы онг. Паддзах Фердинанд I-æмы фырт æмæ паддзах Симеон II-æмы фыд. Борисы фыд Фердинанд I паддзахы бынатæй ацыд, Болгари Фыццаг дунеон хæсты куы фембылды, уый фæстæ — ома Борис йæ фыды амæлæты агъоммæ сси паддзах.
Паддзах Борис райгуырд 1894-æм азы 30 январы, йе ’ххæст ном у Борис Клемент Роберт Мария Пий Станислав Сакскобургготски. Йæ католикон аргъуыды фыд уыд Ромы папæ Лев XIII, йæ растуырнæг аргъуыды фыд та — Уæрæсейы император Николай II. Борис III сси нырыккон Болгарийы (Болгары æртыккаг паддзахады) фыццаг растуырнæг паддзах.
1934-æм азы 19 майы æфсæддон фæфæлдæхты фæрцы паддзах Борис сси Болгарийы иунæгон хицауиуæггæнæг. Райдианæй паддзах нæ къуылымпы кодта, йæ министртæ Гитлеры министртимæ хæстæгдæр кæнын куы байдыдтой, уæд. 1940-æм азы Болгарийæн бахауд Румынийы Добруджæйы иу хай, 1941-æм азы та — 1919-æм азы Болгари кæй фесæфта, уыцы историон Македонийы хай (уыимæ Эгейы денджызмæ бацæуæн дæр).
Болгари гитлерон Германы сателлит кæд уыди, уæддæр паддзах Борисæн йæ къухы бафтыд Советон Цæдисæн хæст нæ расидын, скæсæйнаг фронтмæ йе ’фсад не ’рвитын, стæй болгайраг дзуттæгты 50 мины мæлæтæй фервæзын кæнын.
Паддзах амард 1943-æм азы æнæнхъæлæджы, Гитлеримæ йын цы фембæлд уыди, уый цалдæр боны фæстæ. Йæ бынатмæ уæд бацыд йæ 6-аздзыд фырт Симеон II.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Lundy D. R. Boris III of Bulgaria, Tsar of Bulgaria // The Peerage (англ.)
- ↑ Boris (Boris III.) // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ http://www.princeton.edu/~achaney/tmve/wiki100k/docs/Boris_III_of_Bulgaria.html
- ↑ Борис III // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ http://www.britannica.com/EBchecked/topic/545065/Simeon-Saxecoburggotski
- ↑ http://delong.typepad.com/sdj/2013/08/liveblogging-world-war-ii-august-28-1943-1.html
- ↑ Lundy D. R. The Peerage (англ.)