Бæзитæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Бæзитæ (уырыс. Базиевы) сты дыгурон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Таурæгъмæ гæсгæ, Бæзи, Зæгæл, Сæбан æмæ Хъамбол уыдысты æфсымæртæ. Раджы кæддæр, дам, сæ фыд Логонты Айгобек Дыгургомы Нарыхъæумæ æрлыгъд Туалгомы Нарыхъæуæй. Дыгуры комы фыццаг æрцард Мæцутæйы, ракуырдта ус, райгуырд сын цыппар фырты: Бæзи, Зæгæл, Сæбан æмæ Хъамбол. Уым сын хуымзæхх нал фаг кодта æмæ ралыгъдысты Нарыхъæумæ. Куы байуæрстой, уæд сæ нæмттæм гæсгæ скодтой сæ мыггæгтæ, афтæмæй Нары фæзынди мыггæгтæ: Бæзитæ, Зæгæлтæ, Сæбантæ æмæ Хъамболтæ. Бæзитæ Нарыхъæуæй фæлыгъдысты сæ сыхаг хъæу Задæлескмæ æмæ уым бындурон цæрæг систы. Зæгæл æмæ Зæгæлы хæстæг Зохъо та алыгъдысты Гæлиатмæ, Нары хъæуы кæй фæтуджджын ис Абысалты æлдæрттимæ, уый тыххæй. Сæбаны цæуæтæй бирæтæ фæлыгъди быдыры хъæутæм. Хъамбол йæ бинонтимæ цард Нарыхъæуы. Куы амард, уæд йæ фырттæй иуы цæуæт цард Нарыхъæуы, иннæйы та — Къумбулты хъæуы, йæ мады æрвадæлтæ кæм цардысты, уым. Хъамболтæй дæр бирæтæ ралыгъдысты быдыры хъæутæм.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 48–49.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 41.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 103–105.