Перейти к содержанию

Ахриев, Гапур Саиды фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гапур Саиды фырт Ахриев
Райгуырды датæ 1890
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1920-æм азы 3 майы(1920-05-03)[1]
Мæлæты бынат
Куысты мыггаг политик
Ахуырад
Парти

Ахриев Саиды фырт Гапур (райгуырдис 1890-æм азы Фуртоуджы хъæуы Мæхъхъæлы — амардис 1920-æм азы 3 майы Бакуйы) уыд, советон хицæуады сæрвæлтау Кавказы чи хæцыди, ахæм зындгонд революционер. Коммунистон партийы уæнг 1919-æм азæй.

Райгуырд мæгуыр бинонты ’хсæн, фæлæ йæ къухы бантыст Мæскуыйы реалон училище æмæ коммерцийы институт каст фæуын. 1916-æм азы Ахриев æрцардис Дзæуджыхъæуы, уым Сергей Кировимæ фæхæстæг и.

Революцийы фæстæ Ахриев уыд Дзæуджыхъæуы советы уæнг. 1918-æм азæйТерчы националон республикæйы адæмон комиссар. 1920-æм азæйМæхъхъæлы ревкомы сæргълæууæг.

Ахриевы номыл ис цалдæр уынджы Мæхъхъæл æмæ Цæцæны. Дзæуджыхъæуы Уалдзыгон уынгæн йæ фыццаг ном хуынди Ахриевы уынг, раивтой йæ 1990-æм азты.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Ахриев И. Г., Гапур Ахриев, Грозный, 1967.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Ахриев Гапур Саидович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.