Ахриев, Гапур Саиды фырт
Внешний вид
Гапур Саиды фырт Ахриев | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1890 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1920-æм азы 3 майы[1] |
Мæлæты бынат | |
Куысты мыггаг | политик |
Ахуырад | |
Парти |
Ахриев Саиды фырт Гапур (райгуырдис 1890-æм азы Фуртоуджы хъæуы Мæхъхъæлы — амардис 1920-æм азы 3 майы Бакуйы) уыд, советон хицæуады сæрвæлтау Кавказы чи хæцыди, ахæм зындгонд революционер. Коммунистон партийы уæнг 1919-æм азæй.
Райгуырд мæгуыр бинонты ’хсæн, фæлæ йæ къухы бантыст Мæскуыйы реалон училище æмæ коммерцийы институт каст фæуын. 1916-æм азы Ахриев æрцардис Дзæуджыхъæуы, уым Сергей Кировимæ фæхæстæг и.
Революцийы фæстæ Ахриев уыд Дзæуджыхъæуы советы уæнг. 1918-æм азæй — Терчы националон республикæйы адæмон комиссар. 1920-æм азæй — Мæхъхъæлы ревкомы сæргълæууæг.
Ахриевы номыл ис цалдæр уынджы Мæхъхъæл æмæ Цæцæны. Дзæуджыхъæуы Уалдзыгон уынгæн йæ фыццаг ном хуынди Ахриевы уынг, раивтой йæ 1990-æм азты.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Ахриев И. Г., Гапур Ахриев, Грозный, 1967.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Ахриев Гапур Саидович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.