Асаты Реуаз
Внешний вид
Асаты Реуаз | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1923-æм азы 15 майы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2007 |
Архайды хуыз | поэт |
Хорзæхтæ |
Асаты Никъалайы фырт Реуаз (райгуырдис 1923-æм азы 15 майы, Къуцъахтайы хъæуы — амардис 2007-æм азы[1]) у ирон поэт.
Реуаз райгуырдис Къахеты Къуцъахтайы хъæуы. 1941 азы каст фæцис Цхинвалы педагогон техникум, 1953 азы та — Хуссар Ирыстоны паддзахадон институт. Куыста журнал «Фидиуæджы» редакторæй, Гуырдзыстоны фысджыты Цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон секретарæй, газет «Советон Ирыстон»-ы редакторы хæдивæгæй, Хуссар Ирыстоны музейы директорæй æмæ æндæр бынæтты.
Литературон куыст райдыдта 1937 азы. Рауагъта æмзæвгæты æмбырдгæндтæ: «Хæстоны сис» (1947), «Æвзæрст уацмыстæ» (1954), «Тыхджын у уарзт» (1957), «Æнæрынцой зæрдæ» (1961), «Ирон легендæтæ» (1963) æмæ æндæр чингуытæ ирон, гуырдзиаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ რევაზ ასაევი [Асаты Реуаз] . საქართველოს ბიოგრაფიული ლექსიკონი (гуырдз.). Датæ: 2021-æм азы 25 февралы.(æнæбаххæсгæ æрвитæн)