Перейти к содержанию

Аранин, Роман Анатолийы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Роман Аранин
Райгуырды датæ 1 июлы 1970(1970-07-01) (54 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад Советон Цæдис Советон Цæдис
Уæрæсе Уæрæсе
Архайды хуыз амалиуæгдар
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Сайт aranin.ru
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Аранин Роман Анатолийы фырт (райгуырд 1970-æм азы сусæны мæйы фыццæгæм бон, Саратовы облæсты) – уæрæсейаг æрымысæг, компани Observer-ы генералон директор. Уый кусы инвалидтæн реабилитацион техникæ аразыныл æмæ цалцæг кæныныл. У калининграды инвалидты æхсæнадон организаци «Ковчег»-ы сæргълæууæг. Тæхгæ гарзæгтæ кæй уарзы, уый тыххæй йыл сывæрдтой фæсном «адæймаг-хæдтæхæг».[1]

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Роман Аранин райгуырд 1970 азы хæстон тæхæджы бинонты. Каст фæци Харьковы Грицаевы номыл тæхджыты хæстон авиацийы училище. Службæ кодта Алма-Атайы хæстон тæхæгæй.

1997-æм азы æд бинонтæ алыгъд Калининградмæ. Куыста куыд бизнесмен(йæ фыццаг фирмæ уæй кодта сантехникæ[2] æмæ къуластæрæнтæ).

2004-æм азы Аранин рахауд 30 метры бæрзæндæй æмæ йæ рагъыстæг тынг цæф фæци. Хауд уымæн рауад, æмæ парапланы купол уыд æнæрæвдз. Мæйæ фылдæр уыд реанимацийы. Уыд æххæстæй парализгонд. Афæдзы рдæг йæ бон уыд æрмæст цæстытæй æмæ цæсгомы хæцæфтæй тæлфын.[2] Цалдæр азы фæстæ йæ æнæниздзинад зынгæ фæхуыздæр, уымæн æмæ архайдта физкультурæйæ. Фæлæ йæ къух æмæ æнгуылдзтæ уæддæр тæлфын нæ райдыдтой.

Аварийы фæстæ Аранины бахъуыд инвлидон къаласкæ. Инженер Борис Ефимовимæ иумæ æрхъуыды кодтой алкæмцæуæг къаласкæйы модель. Фыццаг ахæм къаласкæ уыд конд Тайваны заводы.[2] Фæстæдæр уый бындурыл Роман Аранин райдыдта йæ амалиуæгдары архайд.

2010-æм азы бындур æывæрдта компани Observer-æн æмæ райдыдта кæнын къаласкæтæ уæйæн. Фыццыд дæс къаласкæйæн æлхæнджыты ссардта Уæрæсемæ цæттæйæ ласт куы нæ уыдысты,[2] уымæй бирæ раздæр(кæнгæ цæ уæддæр кодтой Азийы). Уый æдде, компани райдыдта уæй кæнын тренажертæ, сæрмагонд ленк чи кæны, ахæм коляскæтæ æмæ æндæр дзаумæттæ цыбыр фадæттимæ адæмæн.

2012-æм азы компанийы æрзылд 20 милуан сомæй фылдæр фæци. Уыцы аз Роман Аранин райста журнал «Генеральный директор»-ы сæйраг преми. Конкурсы хатцæгтæм(архайдта та дзы 3000 амалиуæгдарæй фылдæр) Аранинæн радтой преми 3 милуан сомы.[3]

2013-æм азы сси æппæтуæрæсеон конкурс «Бизнес-успех-2013» финалист.[4]

2014-æм азы сси конкурс «Социальный предприниматель»-ы уæлахиздзаутæй иу.[5]

2000-æм азты Аранин бындур æрывæрдтæ инвалидты æхсæнадон организаци «Ковчег»-æн. Æртæ азы уыд Калининграды сæргълæууæджы æхсæнадон совет уæнг.[6]

Калининграды амалиуæгдар арæзта æртæ боны чи цыд ахæм курсытæ архитектортæн æнæарæн фалдзус куыд хъæуы кæнын. Фæлæ курсытæ фæкъуыхцы сты. Аранины фæнд бынæттон архитектортæ ницæмæ бадардтой.

Цалдæр азы куы рацыд уæд Роман Аранины куыстуат зынгæ фæуæрæх и. Компанийы гарзæгтæ фæзындысты Екатеринбурджы, Челябинскы, Южно-Сахалинскы, Владивостокы, Оренбурджы æмæ æндæр сахарты аэропортты. Цалдæр регионты амалиуæгдар байгом кодта къаласкæтæ кæм цалцæг кæнынц, ахæм æрмадзтæ. Иууæй иу барæггæнæнтæм, компани Observer Уæрæсейы фыццаг райдыдта цалцæг кæнын электрокъаласкæты джойстиктæ. Уымæй уæлдай, компанийы гарзæгтæ уыдысты æвæрд цалдæр æхсæнадон пляжты Зеленограскы æмæ Пионерскы – уыдон уыдысты сæрмагонд шезлонгтæ æмæ дзаумæттæ ивæн бынæттæ инвалидтæн. 2014-æм азæй куыстуат фæнд кæны уадзын уæрæсеон асинтæцæуæн.[5] Уæрæсейы уый уыд уникалон продукци.

2015-æм азы бæрæггæнæнтæм куыстуаты куыстой цалдæр дæсойы адæймажы, уыдонимæ цыбыр фадæттимæ адæм. Фирмæйы конд дзаумæттæ уыд балхæнын алы бæстæты – Литвайы, Ног Зеландийы, Аргентинæйы, Германы, Польшæйы æмæ æндæрты.

Сæ сæйрагдæр æнтысттыл компанийы нымайынц Дзиндзийы музейы лифт-платформæ кæй сарæщтой, уый. Музей æрбынат и историкон бæстыхайы, уый тыххæй дзы нæй аразын лифт. Лифт уыд «тъыст» лæсгæрхуыз асинты.

Аранины къаласкæ

[ивын | Бындур ивын]

Романом Аранин æмæ Борис Ефимов цы инвалидон æлектрокъаласкæтæ æрхъуыды кодтой, уыдоны мидæгæй ис гироскоп, кæцы аивы уæзы центр уæлæмæ кæнæ бынмæ цæугæйæ. Уый фæрцы, къаласкæйы чи бады, уы дзы хаугæ нæ ракæны. Къаласкæтæ сты алкæмцæуæг. Ис дзы схизын асинтыл, цæуын змисыл æмæ зынцæуæн рæтты. Иууæй иу модельтæ стырындз фæййынц 20 километры сахат. Ис цын фæтк дæттын куыд къухæй æмæ улæфты фæрцы (хæтæл дзыхы даргæйæ), афтæ æндæр буары хæйттæй.

Аранины ныхæстæм гæсгæ, йæ бизнес тынг баст у паддзахадимæ, кæцы инвалидтæн дæтты хца къаласкæтæ æлхæнынæн. Паддзахад хорз куы фæкæсы инвалидтæм – уæд къаласкæты уæй фæфылдæр вæййы.

Архайды критикæ

[ивын | Бындур ивын]

Банка «Уралсиб»-ы адæмы ресурсты службæйы сæрдар Мария Афонина схуыдта Роман Аранины куыст социалон амалхъомад æмæ тох сæ бар цæрын куыд хуымæтæг адæймаг æмрæстæджы.[2]

Телеканал «ОТР»-ы уацхæссæг сбарста Аранины къаласкæ хорз квадроциклимæ, æрмæст инвалидтæн конд.[7]

Роман Аранины къаласкæты аргъ у цалдæр сæдæ мин сомы. Сеппæт зынаргъдæр кæны 700 мин сомы.[8] Уæдæ иннæтæ цы электрокъаласкæтæ кæнынц Уæрæсейы, уыдонæн сты бирæ асламдæр.

Интернеты компани иу æмæ дыууæ хатты не сси æвзæр раныхæсты объект, уымæн æмæ уæй кодтой французаг къаласкæтæ Tiralo, кæцыты ис ленк кæнын доны. Адæмы ныхæстæм гæсгæ, уый у миниуæг, адæм сæ фырхъалæй æрра кæй кæнынц, уый.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]