Араксы Республикæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Араксы Республикæ
азерб. Araz Türk Cümhuriyyəti


1918-æм азы 18 ноябры1918-æм азы декабрь
 

Тырыса
Сæйраг сахар Игдыр, Камарлу, Нахичевань
Стырдæр сахартæ Игдыр, Нахичевань, Ордубад
Æвзаг азербайджайнаг
Дин пысылмон дин
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
диктатор
 • 1918 Амир-бек Заманбекзаде

Араксы Республикæ кæнæ Араксы Туркаг Республикæ (азерб. Araz Türk Cümhuriyyəti) уыд азербайджайнæгты паддзахад, кæцы йæ хæдбардзинад схъæр кодта 1918-æм азы 18 ноябры, Османты импери цы зæххытæ уыцы аз бацæхста кæддæры Уæрæсейæ, уым. Араксы Республикæйæн стыр æххуыс кодта осмайнаг æфсады къамандыгæнджытæ, цалынмæ йе ’фсæддонтæ эвакуацигонд уыдысты Мудросы æрсабыры фæстæ. Фыццаг дунеон хæсты фæстиуæгæн Османты импери састы бынаты аззади æмæ йæ скæсæйнаг зæххытæ хъуамæ радтаид сæрибар Сомихмæ (Фыццаг Сомихаг Республикæ), Антантæйы уынаффæмæ гæсгæ.

Араксы Республикæ бирæ нæ ахаста, тагъд рæстæджы йæ ныддæрæн кодтой сомихаг гæрзифтонг тыхтæ.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Уæрæсе æмæ Персы ’хсæн 1826—1828 азты хæсты фæстæ Туркманчайы бадзырдмæ гæсгæ Эривань æмæ Нахичеваны ханæдты зæххытæ байста Уæрæсе. 1828-æм азы ханæдтæ аиувæрс кодтой æмæ сæ бынаты фæзындис Сомихы облæст. 1849-æм азы та уымæ бафтыдтой Александрополы уезд, йæ ном та баивтой — сси Эриваны губернæ.

Октябры революцийы фæстæ, куыд иннæ хæццæгонд сомихаг-азербайджайнаг зæххытыл, афтæ Нахичеваны уезды дæр ссыгъди дыууæ адæмы ’хсæн антагонизм. Сомихаг æмæ азербайджайнаг гæрзифтон балтæ кæрæдзи цæгъдын байдыдтой.

1918-æм азы 30 октябры Осмайнаг импери бафыста Мудросы бадзырд, уымæ гæсгæ османты æфсад хъуамæ суагъд кодтаид Фæскавказ æмæ ацыдаид Турчы 1914-æм азы арæнмæ[1].

Уый руаджы Сомихы бон баци Араксы тæрф бацахсын.

Бынæттон пысылмон цæрджытæй алкæй зæрдæмæ нæ фæцыдис ахæм песпективæ. Уæд осмайнаг къамандыгæнæг Якуб Шевки-паша срæзæнгæрд кодта бынæттон раззæгдæрты, цæмæй сæхицæн аразой ног хиуынаффæйады оргæнтæ æмæ сæхи гæрзифтонг балтæ дæр.

18 ноябры хъæу Камарлуйы æмбырды адæм расидтысты хæдбар Араксы Республикæ. Йæ хæдбардзинады тыххæй декларацийы мидæг фыст уыдис, республикæ пысылмон цæрджыты хъахъхъæнынымæ кæй арæзтæуы, уый.

Сомихаг æфсад декабры фæуæлахиз Араксы Республикæйы гæрзифтонг тыхтыл. Сомих Камарлу куы райстой, уæдæй фæстæмæ республикæ састы бынаты баззадис, азербайдажайнаг цæрæнуæттæ дæр нал æххуыс кодтой сæ кæддæры хицауадмæ. Республикæйы хæстон министр Ибрагим-бек алыгъдис Хъарсмæ, ууыл Араксы Республикæйы истори фæци.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. William Edward David Allen, Paul Muratoff. Caucasian Battlefields: A History of the Wars on the Turco-Caucasian Border 1828-1921. — Cambridge University Press, 2011. — С. 497. — ISBN 110801335X. — ISBN 9781108013352.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаджиев А. Из истории Карсской и Аразско-Тюркской Республик. Баку, 1994
  • İsmayıl Hacıyev. Azərbaycan Xalq Cümhuriyyəti və Naxçıvan. — Naxçıvan: Əcəmi Nəşriyyat-Poliqrafiya Birliyi, 2010. — 384 с.
  • Richard G. Hovannisian. The Republic of Armenia, Volume I: 1918-1919. — London: University of California Press, 1971. — 547 с. — ISBN 0-520-01805-2.
  • İsmayıl Musayev. Azərbaycanın Naxçıvan və Zəngəzur bölgələrində siyasi vəziyyət və xarici dövlətlərin siyasəti (1917-1921-ci illər). — 2-ci nəşr. — Bakı: Bakı universitetinin nəşriyyatı, 1998. — 385 с.