Араббы денджыз
Араббы (Аравийы) денджыз (арабб. بحر العرب, перс. دریای عرب, урду بحیرہ عرب, хинди अरब सागर, гудж. અરબ સાગર, маратх. अरबी समुद्र, каннада ಅರಬ್ಬೀ ಸಮುದ್ರ, малаялам അറബിക്കടല്, мальд. ޢަރަބި ކަނޑު) у Индийы фурды хай. Ныгуылæны йæ был у Араббы æрдæгсакъадах, скæсæны та — Индостаны æрдæгсакъадах.
Денджызы фæзуат у 4832 мин км². Æрфад — 5803 метры.
Денджызы стырдæр бакæлæнтæ: Адены, Оманы, Кач, Камбейы. Стыр сакъадæхтæ: Сокотра æмæ Лаккадивы сакъадæхтæ. Денджызмæ кæлы цæугæдон Инд. Сæйрагдæр порттæ сты Мумбаи (Бомбей), Карачи æмæ Аден.