Адены бакæлæн
Внешний вид
| Адены бакæлæн | |
|---|---|
| арабб. خليج عدن | |
| Ран | |
| 12°32′45″ с. ш. 48°08′44″ в. д.HGЯO | |
| Хистæр акватори | Араббы денджыз |
| Бæстæтæ | |
А́дены бакæлæн (арабб. خليج عدن) у Индийы фурды Араббы денджызы хай. Йæ дæргъ у 890 километры. Цæгаты йæ был у Араббы æрдæгсакъадах (Йемены паддзахад). Хуссары æмæ ныгуылæны та йæ был у Африкæйы континенты зæхх (Сомали æмæ Джибути).
Адены бакæлæн Баб-эль-Мандебы донкъубалы фæрцы баст у Сырх денджызимæ. Бакæлæнæн ис экономикон ахадындзинад — йæ донвæндагыл нефт цæуы Персы бакæлæнæй Европæмæ.
XXI æнусы ам скарз ис пиратты проблемæ.