Америкæйаг баба!
«Америкæйаг баба!» (англ. American Dad!) у америкæйаг комедион мультсериал, Underdog Productions æмæ Fuzzy Door Productions-æй рауадзгæ 20th Century Fox-ы заказæй.
«Америкæаг баба!» у америкæйаг бинонты цардæвдисæн сатирикон мултипликацион сериалы ирд минæвар. Сюжет райхæлы Смит-бинонты алыварс, кæдон сты цыппарæй, уымæй уæлдай ма иу дзурæг кæсаджы æмæ æрцæуæгæй.
«Хуссар Паркау», ацы сериал дæр йæ мидгаст здахы алыхуызон хицæндзинæдтæм поп-культурæйы, политикæйы, дины æмæ ма æхсæнады кæцыфæнды арæх æмбæлæг темæтæм. Сериалы арæх хъуысынц рæхойныхæстæ нырыккон æхсæнадыл æмтгæй æмæ юмор, кæцы æвдисы америкæйаг æхсæнад хицæнæй.
Фыццаг пилотон рауагъд суæвыд АИШ-ы 2005 азы 6 февралы, Fox каналыл, 1 майæ та регулардзыд кæнын райдыдта тæккæ дæр «Гриффинты» фæстæ.
Сериалы персонажтæ хицæн кæнынц сæхиформæ логикон хъуыдыйæ. Сæ архæйдтæ та арæхдæр схонæн вæййынц абсурдонтæ. Афтæ ма дзы хайад исынц: анархисттæ, сауджынтæ, феминисткæтæ, хуыцæуттæ, гейтæ, политиктæ.
Ныры онг «Америкæйаг баба!» æххæст кæны 9 сезоны.
Сериалы сæйраг зарæг
[ивын | Бындур ивын]- Дæ райсом хорз, АИШ
- Ис мæм æнкъарæн ’мæ уыдзæни
- Тынг рæсугъд бон
- Хурæн арвы
- Йæ цæсгомыл — худт
- Æмæ æрттивы, арфæгæнгæ
- Америкæйаг расæйæн
- Оххай, цы тынг у йæ зæгъын
- Дæ райсом хорз, АИШ