Хуссар Парк

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хуссар Парк
South Park
Жанр ситком
Нывы формат SDTV (480i) (1997-2008), HDTV (1080i) (2009-æм азæй фæстæмæ)
Дæргъад 23 минуты
Æххæстгæнæг
продюсер
Мэтт Стоун
Трей Паркер
Актёртæ Мэтт Стоун
Трей Паркер
Айзек Хейз
Мэри Бергман
Элизæ Шнайдер
Монæ Маршалл
Эйприл Стюарт
Джон Хэнсен
Дженнифер Хоуэлл
Эдриен Бирд
Сæйраг темæ «South Park Theme»
Паддзахад АИШ
Æвзаг англисаг
Телеканал Comedy Central
Экраныл 1997-æм азы 13 августы – абоны онг
Сезонты нымæц 26
Сериты нымæц 325 (Сериты номхыгъд)
Официалон сайт
Профиль IMDb базæйы
TV.com резюме

«Хуссар Парк» (англ. South Park — дзурынц æй куыд [saʊθ pɑːrk]) у америкаг мультсериал. Йæ саразджытæ сты Мэтт Стоун æмæ Трей Паркер. Хатгай йын йæ ном фæзæгъынц куыд «Саут-Парк» кæнæ «Саус-Парк». Уый æвдыст цæуы кабелон телеканал Comedy Central-ы, 1997-æм азæй фæстæмæ [1]. Фильмы сюжеты бындуры ис чысыл сахар Хуссар Парчы (Колорадойы штат) цæрæг цыппар лæппуйы æмæ се ’мбæлтты цард. Сериалы фауынц Америкæйы культурæйы аиппытæ æмæ нырыккон дунейы цаутæ. Æнæуый та критикæ кæнынц бирæ идейæтæ æмæ тобæгонд темæтæ, пароди æмæ сау юморы фæрцы. «Хуссар Парк» цæуы изæры æрæгмæ æмæ йæ сæрмагондæй хонынц хъомыл адæмы мультфильм [2].

Шоу хъуыстгонд у йæ нырыккон дунейы цауты афæлгæсты фæрцы. Алы серийыл архайд цæуы дыууæ къæпхæнæй: фильмы автортæ фыццаг æрхъуыды кæнынц серийы иумæйаг концепци æмæ йæ сюжет, дыккаг та — премьерæмæ къуырийæ къаддæр — деталтæй йæ æххæст кæнынц æмæ уый руаджы тагъддæр реакци кæнынц алыхуызон хабæрттыл.

Ныридæгæн эфиры фæзынди дыууадæс сезоны æмæ ныртæккæ цæттæгонд цæуы æртындæсæм сезон. Æстæм сезонæй райдайгæйæ, ног сезонтæ уагъд цæуынц дыууæ этапæй: сæ иу æрдæг рацæуы уалдзæджы, иннæ та — фæззæджы. Ныры рæстæджы сериал скæнджыты контракт даргъгонд æрцыд 2011-æм азы онг, ома 13-æм сезоны фæстæ рацæудзæн дыууæ сезоны фылдæр.[3].

Уæрæсейы мидæг ацы фильмы æвдыст цæуы MTV Уæрæсе-йы каналы[4] æмæ телеканал 2×2-йы[5]. Фыццаг дыууæ сезоны æмæ метрæйдзаг фильм уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодта Дмитрий «Goblin» Пучков[6]. Сериалы премьерæ Уæрæсейы æвдыст æрцыд канал «РЕН-ТВ»-йы. Фильмы фыццаг ном дзы уыди «Фыдцъылыз сахар „Хуссар Парк“» (уырыс. «Стрёмный городок „Саус парк“») — ацы серитæн фонограммæ сарæзтæуыд «РЕН-ТВ»-йы каналы заказмæ гæсгæ, текст кастысты актёртæ: Александр Клюквин æмæ Людмилæ Гнилова, ныртæккæ MTV-йы «Хуссар парчы» фонограммæйыл кусынц «каналы хъæлæстæ» — Евгений Рыбов æмæ Мария Трындяйкина.

Проекты истори[ивын | Бындур ивын]

Райдайæн[ивын | Бындур ивын]

Сериалы истори райдыдта 1992-æм азы: Колорадойы университеты дыууæ студенты, Паркер æмæ Стоун, сарæзтой цыбырметражон мультфильм «Цыппурсы дауæг». Уыцы æгæр æнæхсæст конд фильмы архæйдтой фидæн «South Park»-ы лæппуты прототиптæ. Кæд нырыккон сериалы афтæ нæу, уæддæр уыцы сериал-прототипы фидæн Эрик Картманы хуыдтой Кенни, фæлæ персонажты ’хсæн уыдис фидæн Кенни Маккормикы прототип дæр — оранжхуыз басылыхъ кæуыл уыди, ахæм лæппу. Дыууæ кæрæдзи æнгæсæн лæппуйы та систы Стэн Марш æмæ Кайл Брофловскийы прототиптæ. Мультфильмы сюжет у ахæм: цыппар лæппуйы, сæхæдæг кæй сарæзтой, уыцы митын лæджы сæрыл акодтой кæлæнгонд худ, уый райгас ис æмæ райдыдта архайын лæппуты амарыныл[7]. Дыууæ хъайтары амæлынц æмæ сæ иуы тыххæй хъуысы, фæстæдæр зындгонд чи сси, уыцы фразæ «Уыдон амардтой Кеннийы!».

«Fox Broadcasting Company»-йы разамонджытæ федтой ацы фильм, æмæ 1995-æм азы Брайан Грэден бафарста Паркер æмæ Стоуны цæмæй уыдон саразой дыккаг цыбырметражон фильм. Брайан хъавыдис барвитын ацы фильм йе ’мбæлттæм куыд Цыппурсы видео-лæвар[8]. Мультфильм, кæцыйы ном уыди «Цыппурсы дауæг. Йесо Сантæйы ныхмæ» уыди фидæн сериалы стилистикæмæ ’ввахсдæр, фæлæ уæд нырыккон сериалы идейæ сын нæма фæзынди[9]; персонажтæ уыдысты, нырыккон «Хуссар Парчы» цавæр сысты, ахæмтæ. Эпизоды уыди Йесо æмæ Сантæ-Клаусимæ Цыппурсы «разамоныны» тыххæй куыд хыл кодта, ахæм сценæ. Фæстæдæр уыцы цыбырметражон фильмы пайдагонд æрцыд эпизод «Фыдцъылыз Цыппурс» (уырыс. «Очень дерьмовое Рождество»).

Видеофрагмент сси тынг популярон, уыимæ Интернеты фæрцы дæр; æнæуый, фильм Джордж Клунийы зæрдæмæ тынг фæцыди[7][10]. Уый адыл райдыдта сериалы саразыны идейæйыл ныхас — фыццаг канал Fox, стæй та Comedy Central-имæ, кæм 1997-æм азы 13-æм августы æвдыст æрцыди сериалы премьерæ.

Фыццаг сери хуынди «Картман æмæ хордзоны зонд» (уырыс. «Картман и анальный зонд»), йæ премьерæ уыди 1997-æм азы 13-æм августы[11]. Уый ногæй скондæуыд райдийæн серийæ, кæцы фæстæдæр рацыди DVD-йы. Уыцы эпизоды уæдмæ фæзынди къорд персонажы, кæцытæ фæстæдæр эпизодты систы иудадзыгон хъайтартæ (сæйраг хъайтарты йеддæмæ, уыдон сты Шеф, мисс Крабтри, мистер Гаррисон, афицер Барбреди), æмæ цалдæр характерон деталы (Кеннийы мæлæт, Венди Тестабургеры чи фены, уыцы омгæ Стэн, Шефы зарæг сылгоймæгты тыххæй). Фыццаг Стоун æмæ Паркер хъавыдысты саразын æрмæст æхсæз эпизоды[12]. Цалынмæ йын йæ заставкæ нæ фæивдтой 4-æм сезоны, уæдмæ ма-иу дзы «Цыппурсы дауæг»-æй кадртæ уыди. Сериалы райдианæй алы сезоны, кæд уæлæнгай, фæлæ райдыдтой пароди кæнын алыхуызон телешоутæ, чингуытæ, фильмтæ; иудадзыгон пародион цаутæ ныр онг сты «Хуссар Парчы» сæйраг бындуртæй иу.

Сериалæн музыкалон темæ ныффыстой къорд Primus-ы архайджытæ: Стоун æмæ Паркер сты ацы къорды фанаттæ группы, æмæ уыдон арвыстой фыстæг Лес Клэйпулмæ «Цыппурсы дауæджы» копийы иумæ[13]. Фæстæдæр Primus фæзындысты эпизод «Шефы æххуысы», 11-æм сезоны сери «Guitar Queer-o»'йы та хъуысы сæ зарæг «Кæсæг ахсæг Джон» (англ. «John the Fisherman»).

Æххæстметражон фильмы рацыд[ивын | Бындур ивын]

1999-æм азы рацыдиc æххæстметражон анимацион фильм «Хуссар Парк: стыр, даргъ æмæ æнæлыггонд» (уырыс. «Саут-Парк: большой, длинный и необрезанный»; англ. «South Park: Bigger, Longer & Uncut»). Фильм уыдиc, æнæхъæн азы дæргъы кæй фæкодтой, ахæм куысты фæстиуæг[14]. Фильмы фыццаг ном уыдиc «South Park: All Hell Breaks Loose», фæлæ, Паркер æмæ Стоунмæ гæсгæ, Америкæйы киноассоциаци æрлæууыдис йæ номы мидæг дзырд «hell», зындоны ныхмæ, баивын æй кодта дызæрдыггаг, фæлæ фыццаг бакастæй хуымæтæгдæр чи уыдис, уыцы дзырдыл[15]. Фæлæ уый фæстæ Ассоциацийы минæвæрттæ ацы информациимæ не сразы сты[16]. Кинонывы миниуджытæ уыдысты мюзикл, (фильмы мидæг пародигонд æрцыдысты Диснейы мюзиклтæ) политикон сатирæ æмæ æнæуæздан, æвзæр юмор (уый райста рейтинг R[17], уый тыххæй æмæ уым æвдыст æрцыдысты бирæ фыдмитæ æмæ дзы спайда чынди дзæвгар æлгъыстытæй). Сюжеты бындур уый мидæг ис, æмæ Хуссар Парчы цæрæг ныййарджыты руаджы Терренс æмæ Филлипы фильмы сывæллæттæй æркаст иваргонд æрцыди æмæ америкæгты ’хсæн Канадæйы тыххæй фыдæхы рæзын райдыдта. Уыдон йеддæмæ фильмы æвдыст цæуынц Сайтан æмæ Саддам Хусейны фæлварæн дуне байсынмæ.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. South Park IMDB-йыл(англ.)
  2. South Park Studios FAQ Архивгонд æрцыдис 15 сентябры 2012 азы.(англ.)
  3. «South Park» Creators Win Ad Sharing in Deal (2007)(англ.)
  4. Сериалы фарс MTV Уæрæсе-йы сайты
  5. Сериалы фарс канал 2×2-йы сайты
  6. Гоблины тæлмæцтæ: Саут Парк
  7. 7,0 7,1 [http://www.southparkstuff.com/specials/the_spirit_of_christmas_jesus_vs._frosty/ «Цыппурсы дауæгыл» хайад South Park Stuff-ы(англ.)
  8. South Park Studios FAQ Архивгонд æрцыдис 12 сентябры 2012 азы.(англ.)
  9. Мэтт Стоунимæ интервью. 2006-æм азы 3-æм октябрь.(англ.)
  10. South Park Studios FAQ Архивгонд æрцыдис 11 сентябры 2012 азы.(англ.)
  11. «Cartman Gets an Anal Probe» Архивгонд æрцыдис 12 сентябры 2012 азы. South Park Studios-ы (англ.)
  12. Parker and Stone: ‘South Park’ prophets (2005)(англ.)
  13. South Park Studios FAQ Архивгонд æрцыдис 12 сентябры 2012 азы.(англ.)
  14. South Park Studios FAQ Архивгонд æрцыдис 11 сентябры 2012 азы.(англ.)
  15. South Park Studios FAQ Архивгонд æрцыдис 15 сентябры 2012 азы.(англ.)
  16. Trivia for South Park: Bigger Longer & Uncut IMDb-йы(англ.)
  17. Фильм сайты All Movie Guide(англ.)

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

  • South Park Studios(англ.). South Park Digital Studios LLC. — Официалон сайт. Датæ: 2009-æм азы 25-æм июлы.
  • IMDb.com(англ.). IMDb.com, Inc. — South Park IMDb-йыл. Датæ: 2009-æм азы 25-æм июль.
  • MrTwig’s net(англ.). — South Park-ы эпизодтыл информаци. Датæ: 2009-æм азы 25-æм июлы.
  • www.sp-studio.de(англ.). SP-Studio. — Персонажы сфæлдисæн сериалы стилы. Датæ: 2009-æм азы 25-æм июлы.

Уырыссаг фан-сайттæ[ивын | Бындур ивын]

  • southpark.org.ru. — Уырыссаг сайт. Датæ: 2009-æм азы 25-æм июлы.
  • south-park.ru. — «South Park» уырыссагау. Датæ: 2009-æм азы 23-æм июлы.
  • south-parkx.info. — South Park X. Датæ: 2009-æм азы 23-æм июлы.
  • SPmania.net.ru(недоступная ссылка). — South Park-ы уырыссаг фан-сайт - SP-mania. Датæ: 2009-æм азы 25-æм июлы. Архив 2009-æм азы 7 майы.
  • www.sp-fan.ru. — Фан-сайт. Датæ: 2009-æм азы 25-æм июлы.