Айларты Чермен

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Айларты Чермен
Райгуырды датæ 1934-æм азы 5 июлы(1934-07-05)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2005-æм азы 30 апрелы(2005-04-30) (70 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Айларты Чермен Гæбылайы фырт (райгуырдис 1934-æм азы Хъарман-Сындзыхъæуы — амардис 2005-æм азы) уыдис ирон фыссæг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Айларты Чермен райгуырдис Хъарман-Сындзыхъæуы зæхкусæджы хæдзары. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыдиc Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон институтмæ. Каст æй куы фæцис, уæд дохтырæй куыста республикæйы хъæуты æмæ сахарты. Бирæ азты дæргъы уыди æфсæнвæндаджы санэпидстанцæйы сæргълæууæг.

Чермены фыццаг поэтикон чиныг «Лæппуйы бæллиц» рацыдис 1957-æм азы. Уый фæстæ ма рауагъта иу фынддæс прозаикон æмæ поэтикон æмбырдгонды. Сæ сæйрагдæртæ сты «Базыртæ» (чиныгуадзæн «Ир», 2001) æмæ «Æргъæу фæззæг» («Ир», 2005).[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012